филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:12 пятница, 03 мая 2024
09 апреля 2021, 13:05
«Мамысоны» курорты аразджыты, гæнæн ис, æмæ суæгъд кæндзысты транспорты хъалонæй

Ахæм хъæппæрис бахаста Цæгат Ирыстоны Парламенты Совет

«Мамысоны» курорты аразджыты, гæнæн ис, æмæ суæгъд кæндзысты транспорты хъалонæй. Ахæм хъæппæрис бахаста Цæгат Ирыстоны Парламенты Совет. Комитетты разамонджытæ ма бахастой фæндон, патентты хуызы хъалонтæ фидыны бар кæмæн ис, уыцы амалхъом адæмы категори фæуæрæхдæр кæныны тыххæй. Уый сæ уæгъд кæндзæн декларацитæ дæттынæй, æмæ къаддæр кæндзæн сæ хъалонты уаргъ. Æнæ рхъуыдыйæ нæ ныууагътой, техникон аххосæгтæм гæсгæ, доны хардзæн нымайæнтæ кæмæ нæй, уыцы бинонты бюджет дæр. Депутаттæ хорзыл банымадтой ацы æрдзон æвæрæны хардзы нормативты коэффицент фæфылдæр кæныны хъуыддаг чи ивы, уыцы закъоны проект. Уымæй уæлдай, æрныхас кодтой бынæттон хиуынаффæйады, æвзарджыты барты, культурæ, экологи æмæ социалон къабазы фарстатыл. Парламенты уæнгтæ ма бахастой фæндон, æфтиаг кæмæ цыди, æмæ уыцы иу рæстæг æгуыст адæймаджы хуызы пособитæ чи иста, уыцы адæм цæмæй уголовон æфхæрд ма ййафой. Профилон комитеты минæвæртты хъуыдымæ гæсгæ, фаг у пособиты бæрц бафидын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania