Проект куыд æххæстгонд цæуы, ууыл дзырдтой Цæгат Ирыстоны разамонæг Сергей Меняйло æмæ корпораци Кавказ РФ-ы генералон директор Андрей Юмшанов
Мамысоны курорты райдыдта арæзтадон куыстыты афон. Проект куыд æххæстгонд цæуы, ууыл дзырдтой Цæгат Ирыстоны разамонæг Сергей Меняйло æмæ корпораци Кавказ РФ-ы генералон директор Андрей Юмшанов. Фембæлд ацыдис Санкт-Петербурджы 26-æм дунеон экономикон форумы фæлгæты. Ацы аз Мамысоны дарддæр аразынц дыууæ бæндæнæй фæндаджы æмæ хæххон трассæтæ. Ног подрядон куыстуат райдайдзæн аразын, йæ фæзуат 6 мин квадратон метры кæмæн у, ахæм бирæвæрсыг центр æмæ 460 бынатæн гараж. Уымæй уæлдай дзы дарддæр араздзысты фысымуæттæ, хæрæндæттæ, æмæ æндæр туристон инфраструктурæ. Объекттæн сæ фылдæр æркусдзысты 2024-æм азы. Форумы рæстæг Цæгат Ирыстон æмгуыстады бадзырд бафыста компани Хелс Агентимæ.




