филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:31 четверг, 14 августа 2025
27 декабря 2023, 10:56
Мариинаг театры дзæуджыхъæуккаг филиалы арæзт æрцыд егъау концерт, фестиваль «Арфæ»-йы программæ æххæст кæнгæйæ

Музыканттæ ацагътой цалдæр уацмысы

Патриотизмы æнкъарæнтæй æххæст музыкæ. Мариинаг театры дзæуджыхъæуккаг филиалы арæзт æрцыд егъау концерт, фестиваль «Арфæ»-йы программæ æххæст кæнгæйæ. Музыканттæ ацагътой цалдæр уацмысы. Сæ иу Дзæуджыхъæуы сценæйы азæлыд фыццаг хатт. Уый уыд Александр Чайковскийы драмон симфони «Слово о полку Игореве». Оркестр кæй ацагъта, уыцы музыкæ аивадуарзджыты аздæхта нæ рагфыдæлты историмæ. Бæлвырддæр та къниаз Игоры хъæбатырдзинады рæстæджытæм. Петр Чайковскийы увертюрæ «1812 год» та адæмы размæ рахастой 300 музыканты. Сценæмæ уыцы-иу рæстæг рацыдысты Цæгат Ирыстоны Мариинаг театры симфонион оркестр æмæ хор, камерон оркестр, адæмон инструментты оркестр, стæй Дзæуджыхъæуы аивæдты колледжы æмæ республикæйы культурæйы министрады сывæллæтты музыкалон скъолайы хор.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania