филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:00 суббота, 18 мая 2024
13 апреля 2022, 13:10
Мариинаг театры филиалы сценæйы ацыд инæлар-фельдмаршалы, къниаз Александр Барятинскийы кадæн концерт

«Из летописи Владикавказа», ахæм сæргондимæ мадзал историон-музыкалон изæрты циклæн сси йæ фыццаг

Ивгъуыд дугты хъайтартæ. Мариинаг театры филиалы сценæйы ацыд инæлар-фельдмаршалы, къниаз Александр Барятинскийы кадæн концерт. «Из летописи Владикавказа», ахæм сæргондимæ мадзал историон-музыкалон изæрты циклæн сси йæ фыццаг. Уырыссаг классикон бынтæн стыр аргъ чи кæны, уыцы адæмы хсæн уыд нæ уацхæссæг Бокоты Виктория, æмæ йын ныхасы бар.

Ацы бон Мариинаг театры цæгатирыстойнаг филиалы æрæмбырд сты 19-æм æнусы уырыссаг классикон хæзнатæн аргъгæнджытæ. Арæзт дзы æрцыд, инæлар-фельдмаршал, къниаз Александр Барятинскийы номарæн концерт. Уый уыд зындгонд паддзахадон архайæг, æфсæддон-дипломат, хорз адæймаг æмæ бинонтæ дарæг.

Александр Барятинскийы ахсджиагдæр историон æнтыстдзинæдтæй иу уыд – Дзæуджыхъæуы фидарæй горæт арæзт кæй æрцыд, уый. Йæхæдæг ныффыста курдиат Императормæ æмæ бирæ рæстæг дзырдта, ацы уынаффæйы ахадындзинады тыххæй. Йæ фæдонтæ йæ схуыдтой «Кавказы дины фыд». Имам Шамилы уацары куы райста, уæд Барятинскийæн бантыст Кавказы тохæн кæрон сæвæрын. Уымæй дарддæр æм уыди Уæрæсейы Империйы æппæт хæрзиуджытæ. Имам Шамиль та йæ схуыдта «Къниазты Стъалы». Ацы изæр ын мысыдысты йæ царды ахсджиагдæр цаутæ.

Кавказы фидæны проконсул хъомыл кодта бæрзонд аристократон уавæрты. Уымæй дарддæр къниаз уыд аивадыл аудæг. Уый у историон факт. Ацы изæр сценæйæ азæлыдысты 19-æм æнусы музыкалон уацмыстæ. Акодтой сæ Мариинаг театры æрыгон оперон зарæггæнджыты Академийы солисттæ стæй дзæджыхъæуккаг филиалы хоры зарæггæнджытæ.

Александр Барятинскийы сфæлдыстад ныр цалдæр азы иртасы Виктория Мугниева. Ацы изæрмæ рагæй æнхъæлмæ касти. Ацы бон йемæ залы уыд Дзæуджыхъæуы 38-æм рæвдауæндоны педагогон коллектив.

Концерт байгом кодта историон-музыкалон изæрты цикл. Схуыдтой йæ «Дзæуджыхъæуы азфыстæй». Хъæппæрисы автор у Гергиты Ларисæ. Уæрæсейы адæмон артисткæйы хъуыдымæ гæсгæ, аивадуарзджыты базонгæ кæнын хъæуы ивгъуыд дуджы хъайтартимæ. Уæлдайдæр та Ирыстоны истори æмæ хъысмæтимæ æнгом баст чи у, уыдонимæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania