Постановкæйы режиссер æмæ либреттойы автор у – Елена Мариниченко. Сæрмагондæй ссыди Израилæй, цæмæй республикон филиалы труппæйæн сæвæра спектакль. «Алисæ диссæгты бæстæйы» – у балетмейстеры фыццаг егъау куыст Цæгат Ирыстоны. Спектакль æвæрд æрцыд Льюис Керролы уацмысы мотивтæм гæсгæ. Йæ бындуры ис либретто – чызг Алисæйы истори. Уый ацыд Урс Тæрхъусы фæстæ, æмæ бахаудта, диссæгтæй дзаг, алæмæты бæстæмæ. Ног дунейы уæвгæйæ, уацмысы хъайтар фембæлд ног æмбæлттимæ. Уымæй дарддæр ма йæ бахъуыд Ус-паддзахы ныхмæ æрлæууын дæр.
Премьерæмæ цæтæ кодтой дыууæ мæйы онг. Балеты зæлы цымыдисаг музыкæ. Ацагъта йæ Мариинаг театры филиалы симфонион оркестр. Проекты аивадон разамонæг, Мариинаг театры филиалы сæйраг балетмейстер Суанты Валерий куыд радзырдта, афтæмæй спектакль хъуамæ фæндаг ссара алы кары адæмы зæрдæмæ дæр.
