филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:03 воскресенье, 01 февраля 2026
18 января 2023, 12:05
«Мариуполы цæрджытæн цыппурсы бæрæгбон»: Беслæнæй аластой гуманитарон æххуыс

Фæкæсынхъуаг адæмы цур балæууыдысты ныр 5-æм хатт

«Мариуполы цæрджытæн цыппурсы бæрæгбон». Ахæм сæргондимæ акци бацæттæ кодтой зæрдæхæлар адæм. Йæ фæлгæты Беслæнæй Мариупольмæ аластой гуманитарон æххуыс. Уæвгæ, фыццаг хатт нæ. Фæкæсынхъуаг адæмы цур балæууыдысты ныр 5-æм хатт. Ныр дæр та зæрдæ бавæрдтой, амæй фæстæмæ дæр кæй архайдзысты сæ бастдзинад фæидардæр кæныныл. Бæслвырддæр – Касаты Наирæ.

Цыппурсы кадæн ирхæфсæн мадзæлттæ куыд сабитæн, афтæ хистæртæн. Къадзаты Вадим куыд зæгъы, афтæмæй йæ командæйы уæнгтимæ бафæндыд Мариуполы цæрджытæн бæрæгбон банкъарын кæнын. Гуманитарон æххуыс хистæртæн, сывæллæттæн та адджын лæвæрттæ. Ирд ахорæнтæй аивгонд машинæ тезгъо кодта горæты уынгты.

Пырх бирæуæладзыгон хæдзæрттæм кæсгæйæ адæймагмæ афтæ кæсы, цыма хæстон кино уыны. Фæлæ хъыгагæн, уый у Мариуполы цæрджыты æцæгдзинад. Акцийы фæлгæты Беслæнæй аластой хъарм дзаумæттæ æмæ продукттæ. Уымæй уæлдай, акци саразджытæ дзырдтой чырыстон дины тыххæй цаутæ.

Делегацийы архайджытæ сты, æфсымæрон адæмыл иузæрдион чи сты, ахæмтæ. Цыппурсы бæрæгбæттæ сæ бинонтимæ не сбæрæг кодтой, фæлæ ныртæккæ зын уавæрты чи ис, уыдонимæ, æмæ сын балæвар кодтой сыгъдæг зæрдæйы хай. Баххуыс кодтой 5 мин адæймагæй фылдæрæн.

Гуманитарон æххуыс сæмбырд кæнынмæ баххуыс кодта Беслæны кадджын цæрæг, меценат Владимир Меняков. Трагедийы фæстæ æххуыс кæны сывæллæттæн. Йæхи нæ аиуварс кæны, йе нæниздзинад фæхуыздæр кæнын кæмæн фæхъæуы, уыдонæй дæр. Уæдæ ныр дæр, баххаста йе ххуысы хай. Ацы хатт Мариупольмæ балц уыди 5-æм хатт. Акци аразджытæ зæгъынц, фæкæсынхъуаг адæмæн баххуыс кæнын нымайынц сæ хæсыл. Æмæ та зæрдæ бавæрдтой, ногæй та сæ кæй бабæрæг кæндзысты, уымæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania