филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:43 вторник, 16 декабря 2025
06 октября 2014, 11:08
Машинæты дугъ «Сабырдзинад Кавказæн» уыди Дзæуджыхъæуы дæр

Арæзт æрцыд федералон программæмæ гæсгæ. Йæ архайджытæ сты Хуссар Федералон университеты студенттæ æмæ ахуыргæнджытæ, æдæппæтæй 18 адæймаджы.

74615
Машинæты дугъ «Сабырдзинад Кавказæн» уыди Дзæуджыхъæуы дæр.
Арæзт æрцыд федералон программæмæ гæсгæ. Йæ архайджытæ сты Хуссар Федералон университеты студенттæ æмæ ахуыргæнджытæ, æдæппæтæй 18 адæймаджы. Уыдон бæрæг кæнынц Цæгат Кавказы республикæты ахуыргæнæндæттæ, æмæ студенттимæ ныхас кæнынц адæмуарзондзинадыл, аразынц социологон æрфарстытæ, дзурынц сабырдзинад бахъахъхъæныны мадзæлттыл. Акци райдыдта Ростовы æмæ фæуыдзæн ноябры. Форум аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй нациты хсæн цы ныхмæлæуддзинæдтæ вæййы, уыдонæн сæ фылдæр вæййынц, адæм кæрæдзийы культурæ æмæ æгъдæуттæ кæй нæ зонынц, уый тыххæй. Сыхаг республикæты адæмы цардыуаг зонын хорзырдæм фæзындзæн хæлар ахастдзинæдтæ парахат кæныныл. Машинæтыл дугъы архайджытæ бабæрæг кодтой Цæгат Кавказы федералон университет, Дагестаны, Цæцæны æмæ Мæхъæлы уæлдæр ахуыргæнæндæттæ. Акцийы уæнгтæ нысан кæнынц Хъырымы федералон зылдмæ ныххæццæ уæвын.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania