Уыцы уавæр тыхсын кæны шофырты. Куыд зæгъынц, афтæмæй ацы афон артаджы аргъ кæддæриддæр фæфылдæр вæййы, фæлæ 1-2 сомы. Уавæр сбæлвырд кæныныл ныртæккæ архайынц
22 сомы æмæ 50 капеччы газы литрæн. 2 къуырийы размæ дæр ма Дмитрий Дроботенко артаг æлхæдта 14-гай сомтæй. Ног аргъимæ разы нæу, фæлæ гæнæн нæй. Дмитрий кусы ахуырадон центры инструкторæй. Организацийы ис 5 машинæйы. Уыдонæй 4 газæй кусынц. Ахæм уавæр тыхсын кæны маршрутон такситы шофырты дæр. Микроавтобустæн сæ фылдæр кусынц газæй.
Машинæты хицæуттæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй ацы артаг æвзæрстой, асламдæрыл нымад кæй уыд, уымæ гæсгæ. фæлæ йæ ныр афтæ схонæн нæй. Бонмæ маршруткæйы газ ныккæнын фæхъæуы 35 литры бæрц. Раздæр-иу уымæн схардз кодтой 500 сомы, абон та сæ фидын хъæуы 800 соммæ `ввахс.
Сагкаты Руслан, маршрутон таксийы шофыр: «Афтæмæй куыд кусæм дарддæр. 80 машинæйы стæм, æмæ дзы бирæтæ не сты ныр. Адæмæн сæ бон нæу афтæмæй кусын. Фæкус æмæ уыцы газыл схардз кæн де `хца, æмæ ма хæдзармæ та хъуамæ цы бахæссай. Афтæмæй дарддæр кусæн нæй. Забастовкæ нæ кæнæм, фæлæ нæ хицауад æркæсæд, цæмæй адæмæн дæр æнцондæр уа, æмæ махæн дæр фадæттæ уа. Мах стыр аргъ нæ агурæм, фæлæ йыл чысыл схæцын хъæуы. Æндæр гæнæн нæй. Адæмы куыд ласæм».
Газы аргъ æппæт станцæты иухуызон нæу. Зæгъæм, «Газпромы» станцæты литры аргъ фæфылдæр 19 сомы онг. Куыстуаты разамынд æмбарын кæны, артаг фæзынаргъдæр, кæмæй йæ æлхæнынц, уыдон сæ æргътæ кæй фæбæрзонддæр кодтой, уый тыххæй. Фæлæ уæддæр ам архайынц фæлхасджытæн æмбæлгæ уавæртæ аразыныл.
Джиоты Батраз, «Газпром»-ы станцæты разамонæджы хæдивæг: «Махæй аразгæ нæу. Аргъ уым куыд фæзынаргъдæр кæнынц, мах дæр ыл афтæ схæцæм. Нырма уал афтæ уыдзæн.
Фæзынаргъдæр кæнæ фæасламдæр уыдзæн, уый махæй аразгæ нæу».
Монополиты ныхмæ службæмæ ивгъуыд къуыри цæрджытæй иу балæвæрдта хъаст, газ кæй фæзынаргъдæр, уый тыххæй. Ныртæккæ ацы фарстайыл кусынц ведомствæйы. Йæ специалистты сбæлвырд кæнын хъæуы, ацы хъуыддаджы закъонхæлдтытæ ис æви нæй, уый. Службæйы дзуапп ратдзысты ног къуыри.
Газ кæй фæзынаргъдæр, уый канд машинæты шофырты нæ тыхсын кæны. Зындгонд куыд у, афтæмæй, артаджы аргъимæ фæфылдæр вæййынц хойрæгты, цæрæн-коммуналон лæггæдты тарифты, фæндаггаджы æргътæ дæр. Уыимæ специалисты ныхæстæм гæсгæ, нырма бæрæг нæу, ацы æргътæ нал фæбæрзонддæр уыдзысты, уый.
Хъайтмазты Дзерассæ




