филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:30 среда, 26 июня 2024
24 июля 2014, 17:15
Машинæтыл дугъ кæныны æппæтуæрæсеон ерысты Цæгат Ирыстоны клуб разынд хуыздæр

Уæрæсейы Кубок рамбулыны турнир арæзт уыд Новокузнецкы. Абон командæимæ фембæлд æмæ сын арфæйы ныхæстимæ кады гæххæттытæ радта республикæйы хицауады сæрдар Такъоты Сергей. Лæппутæ ерыс кодтой Дрэгрейсингæй.

73499
Машинæтыл дугъ кæныны æппæтуæрæсеон ерысты Цæгат Ирыстоны клуб разынд хуыздæр. Уæрæсейы Кубок рамбулыны турнир арæзт уыд Новокузнецкы. Абон командæимæ фембæлд æмæ сын арфæйы ныхæстимæ кады гæххæттытæ радта республикæйы хицауады сæрдар Такъоты Сергей. Лæппутæ ерыс кодтой Дрэгрейсингæй. Йæ нысан у машинæ сахатмæ 240 километры скъæргæйæ, 402 метры ацæуын. 
Такъоты Сергей спортсменты бафарста, иннæ ерыстæм сын цæмæй баххуыс кæнын хъæуы, уымæй, æмæ сын баххуыс кæнынæй зæрдæ бавæрдта. 
Машинæты ерысгæнджытимæ фембæлды фæстæ Такъоты Сергей бабæрæг кодта, Паратхэквондойы командæ тренировкæтæ кæм кæны, уыцы спортивон зал. Спортсментæ æрæджы архайдтой Мæскуыйы Дунейы чемпионаты æмæ дзы сластой 2 майданы. Сызгъæрин майдан рамбылдта Гæззаты Спартак, æвзист та 18 аздзыд Мæхъиты Азæмæт. Лæппуты тренер у Аветис Оганесянц. Такъоты Сергей сын раарфæ кодта, æмæ сын йæ зæрдæ загъта ног æнтыстдзинæдтæ радон ерысты. Спортсментæ ныртæккæ сæхи цæттæ кæнынц Уæрæсейы Чемпионатмæ, уыдзæн сентябры.
Гæззаты Спартак, Дунейы чемпион паратхэквондойæ: «Октябры хъуамæ чемпионат арæзт æрцæуа Турчы. Уæрæсейы чемпионат дæр октябры уыдзæн. Æмæ хуыцауы фæндæй. Чи зоны, мах уым дæр рамбулдзыстæм».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania