филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:00 суббота, 31 января 2026
02 февраля 2023, 11:40
Машинæты фæндаг «Кавказ»- Хурыхъæу-Малгобек-Мæздæджы арæзтадон куыстытæ райдайдзысты ногæй

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, фæндаг цæуы хъæдрæбынты æмæ Сунжæйаг гыццыл æфцæджы уылты

Машинæты фæндаг «Кавказ»- Хурыхъæу-Малгобек-Мæздæджы арæзтадон куыстытæ райдайдзысты ногæй. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, фæндаг цæуы хъæдрæбынты æмæ Сунжæйаг гыццыл æфцæджы уылты. Профилон комитеты куыд фехъусын кодтой, афтæмæй æнæмæнгæй бакусын хъæуы ног методтыл æмæ мадзæлттыл, цæмæй фæндаг хъахъхъæд уа ламидæттæй, æмæ хуылыдз мæрæй. Куыстытæ цас ахæсдзысты, уый бæрæг уыдзæни проектаразджытæ трассæйы рацаразинаг уаццагтæ куы сбæрæг кæной, уый фæстæ. Фæнаджы рацарæзты фыццаг къæпхæн райдыдта 2019-æм азы июлы. Специалистты размæ ис хæс æвæрд, Дзæуджыхъæу æмæ Мæздæджы хсæн машинæты комкоммæ бастдзинад снывыл кæнын. Паддзахадон экспертизæ цы проект сфидар кодта, уый æххæстгæнгæйæ, рацарæзтой трассæйы 57-æм километры уаццаг. Ламидæттæй бахъахъхъæныны тыххæй дзы арæзт æрцыди æнцойгæнæн цæджындзтæ, 12 км та дзы сæвæрдтой бырутæ, фæндаг æххæст у цæмæй дзы дон ма æмбырд кæна, ахæм фæрæзтæй, стæй æдасдзинады æндæр æрмæгæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania