16 марта 2018, 13:21
Медицинон æххуыс райсæн уыдзæн æнцондæр æмæ ахадгæдæр
Цæгат Ирыстоны æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр кусæг балцы уыд Мæздæджы районы.
Винограднæйы хъæуы амбулаторийы байгом кодта тагъдæххуысы дæлстанцæ.
Медицинон æххуыс райсæн уыдзæн æнцондæр æмæ ахадгæдæр. Цæгат Ирыстоны æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр кусæг балцы уыд Мæздæджы районы.
Винограднæйы хъæуы амбулаторийы байгом кодта тагъдæххуысы дæлстанцæ. Медицинон пункт ам кусдзæн æхсæвæй-бонæй. Нырыккон кусæнгæрзтæй ифтонг машинæ та рынчынтæм цæудзæн районы иннæ хъæутæм дæр: Сухотское, Дæллаг Малгобек, Хъызлар æмæ Раздольнæмæ. Ныр ацы хъæуты цæрджыты 15-20 минутæй фылдæр æнхъæлмæ кæсын нал хъæудзæн. Ацы хорздзинадмæ адæм рагæй æнхъæлмæ кастысты. Михаил Ратманов ма бынæттон разамынды минæвæрттимæ æмæ районы рынчындоны æмæ поликлиникæты сæйраг дохтыртимæ æмбырды медицинон кусджытæн балæвар кодта дыууæ УЗИ-аппараты. Министр раарфæ кодта дохтыртæн, æмæ сын загъта бузныг, сæ зæрдиаг фæллойы тыххæй. Загъта ма, ацы аз Мæздæджы районы æнæниздзинадхъахъхъæнынады къабазы хорзырдæм ивддзинæдтæ кæй æрцæудзæн. Æппæты ахсджиагдæр уыдзæн раздæры поликлиникæйы æрдæгарæзт бæстыхайы рацарæзт. Уымæй дарддæр районы центры кусдзысты фæлтæрдджын специалисттæ.

темæмæ гæсгæ