филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:29 суббота, 31 января 2026
04 декабря 2025, 10:35
Медойты Зауырбег йæхи цæттæ кæны Уæрæсейы ног рекорд сæвæрынмæ

Лæппу ацы аз йæ къухтыл 59 секундмæ ацыд 75 метрмæ хæстæг

Медойты Зауырбег йæхи цæттæ кæны Уæрæсейы ног рекорд сæвæрынмæ. Лæппу ацы аз йæ къухтыл 59 секундмæ ацыд 75 метрмæ хæстæг. Ацы æнахуыр хъуыддагмæ цымыдисдзинад æм фæзынд сывæллонæй, акробаттæм кæсгæйæ. Уымæй уæлдай Зауырбег уыцы-иу рæстæг дыууæ дæсныйадыл ахуыр кæны Хæххон паддзахадон аграрон университеты. Ацы аз Цæгат Ирыстоны кад хъахъхъæдта национ чемпионат «Абилимпикс»-ы номинаци «Электромонтаж»-ы. Алывæрсыг курдиæттæй æххæст адæймагимæ фембæлд не сфæлдыстадон къорд. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

Медойты Зауырбег къухтыл цæуын фæлтæрдта 11-æм къласы ахуыргæнгæйæ. Уыцы рæстæг йæ бон къухтыл слæууын уыд хæрз цыбыр рæстæг, ацæуын та-иу рауад цалдæр æнæныфс санчъехы. Уыцы фæлтæрддзинад сси лæппуйы фидæны спортивон æнтыстдзинæдты бындур.

Къуылымпыдзинæдтæ нæ бауырæдтой Зауырбеджы. Цалдæр азы дæргъы цы тренировкæтæ кодта, уыдонæй рауад хорз хатдзæг – сæвæрдта йæ фыццаг рекорд – йæ къухтыл æнæрлæугæйæ ацыд 68 метры. Æнтыстджын рауад спринт дæр. Раздæр афтæмæй бахауд Зауырбег Уæрæсейы рекордты чиныгмæ. Ныр та 75 метры къухтыл ауайынæн лæппуйы бахъуыд 59 секунды.

Спорт иунæг къабаз нæу, лæппу йæхи кæм равдыста, уыдонæй. Зауырбег ахуыр кæны Хæххон паддзахадон аграрон университеты инженерон факультеты. Ацы аз республикæйы кад хъахъхъæдта национ чемпионат «Абилимпикс»-ы. Номинаци «Элктромонтаж»-ы бацахста 4-æм бынат. Кусæг дæсныйæдтæ алы ран дæр хъæуынц, зæгъы Зауырбег.

Зауырбег кæд æрыгон у, уæддæр ын бантыст йæ зонындзинæдтæ æмæ йæ арæхстдзинад равдисын спорты, ахуыры æмæ профессионалон конкурсты. Йæ ныхæстæм гæсгæ, йе *нтыстдзинæдтæ нырма нымайы райдиан къахдзæфыл, фидæнмæ йæхицæн æвæры ног нысантæ. Йæ сæйрагдæр хæс – ног аз къухтыл ацæуын 100 метры. Зауырбег ныридæгæн йæхи бæстон цæттæ кæны ног рекордтæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania