филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:20 суббота, 28 сентября 2024
05 марта 2020, 13:14
Мелыкаты Людмилæйы хъуыддаджы фæдыл ногæй æркаст уыд Дзæуджыхъæуы Советон тæрхондоны

Йæ ахастдзинæдты тыххæй Германийы цæрæг Михаиэль Зловигимæ раздæр дæр дзырдтам

Мелыкаты Людмилæйы хъуыддаджы фæдыл ногæй æркаст уыд Дзæуджыхъæуы Советон тæрхондоны. Азымджын æй кæнынц, цæстфæлдахæн митæ кæй арæзта, уымæй. Йæ ахастдзинæдты тыххæй Германийы цæрæг Михаиэль Зловигимæ раздæр дæр дзырдтам. Се хсæн быцæу сæвзæрд фатеры фæдыл. Йæ самал кæнынæн немыцаг пенсиисæг рарвыста 70 мин евройы, афтæмæй йæхæдæг баззад æнæ хца æмæ цæрæнуатæй. Йæ фæрæзтæ фæстæмæ райсынмæ хъавыд тæрхондоны уылты, уæдæй рацыд 3 азы. 5 мæйы размæ уголовон хъуыддаг сног кодтой. Цыд слест, знон та уыд фыццаг процесс. Æрдзырдтой, хъуыддагмæ куыд каст цæудзæн: сæрмагондæй æви æмтгæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania