филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:40 воскресенье, 01 февраля 2026
21 ноября 2022, 12:11
Металлургты культурæйы Галуаны арæзт æрцыд æфсæддон-патриотон концерт

Сценæйы сæ дæсныйад равдыстой Уæрæсейы Федерацийы национ гвардийы æфсæдты кафт æмæ зарды академион ансамблы артисттæ

Металлургты культурæйы Галуаны арæзт æрцыд æфсæддон-патриотон концерт. Сценæйы сæ дæсныйад равдыстой Уæрæсейы Федерацийы национ гвардийы æфсæдты кафт æмæ зарды академион ансамблы артисттæ. Разамынд та сын лæвæрдта Уæрæсейы адæмон артист, инæлар-майор, дирижер Виктор Елисеев. Концерты уазджытæн бацæттæ кодтой хъæздыг æмæ алывæрсыг программæ. Аивадуарзджытæ байхъуыстой нырыккон патриотон зарджытæм æмæ Советон рæстæджы композицитæм. Уымæй дарддæр ма ацы изæр цымыдисаг кафтæй саив кодта хореографион къорд. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ мадзал арæзт кæй æрцыд, ансамблы гастрольтæ Цæгат Кавказы федералон зылды регионтыл æххæст кæнгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania