филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:16 понедельник, 02 июня 2025
30 апреля 2025, 10:36
Меценат Лалыты Лев базылди Советон Цæдисы дыууæ хатты хъæбатыр Плиты Иссæйы мады ингæнмæ

Легендарон инæлары хæстæджытæ цæрынц Мæскуыйы

Уæлахизы боны агъоммæ Цæгат Ирыстоны дарддæр зилынц цыртдзæвæнтæм. Æхсæнадон архайæг, меценат, Плиты Иссæйы хæдзар-музейы раздæры директор Лалыты Лев базылди Советон Цæдисы дыууæ хатты хъæбатыр, Монголийы адæмон республикæйы Хъайтар Плиты Иссæйы мады ингæнмæ. Бирæ азты Лалыты Лев архайдта, Плиты Аминæт ныгæд кæм æрцыд, уыцы бынат ссарыныл. Цалдæр азы размæ куыд рабæрæг, афтæмæй ныгæд у йæ кæстæр фырт Кириллы фарсмæ. Легендарон инæлары хæстæджытæ цæрынц Мæскуыйы. Ингæн бирæ азты дæргъы уыд базилинаг. Плиты Аминæт фæцарди 103 азы. Йæ царды мбалы амæлæты фæстæ йæ фыртты хъомыл кодта иунæгæй. Иссæйы фсымæр Кирилл Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг æбæрæгæй фесæфт Ростовы бынмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania