филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:06 понедельник, 15 декабря 2025
11 февраля 2014, 11:07
Мидхъуыддæгты æмæ транспорты министрадты, Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнæг управленийы, хъалонисæг службæйы æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы сарæзтой рейд

Йæ нысан у, бæлццæтты æнæзакъонæй чи ласы, уыцы шофырты æмæ куыстуæттæ сбæрæг кæнын, стæй машинæты уавæрмæ æркæсын. Æрмæст дыууæ сахатмæ къамисы уæнгтæ сбæрæг кодтой 20 машинæйы уавæр.

Мидхъуыддæгты æмæ транспорты министрадты, Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнæг управленийы, хъалонисæг службæйы æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы сарæзтой рейд
Йæ нысан у, бæлццæтты æнæзакъонæй чи ласы, уыцы шофырты æмæ куыстуæттæ сбæрæг кæнын, стæй машинæты уавæрмæ æркæсын. Æрмæст дыууæ сахатмæ къамисы уæнгтæ сбæрæг кодтой 20 машинæйы уавæр. Сæ хатдзæгтæм гæсгæ бирæ шофыртæм нæ вæййы бæлцæттæ ласынæн бардæттæг гæххæттытæ, машинæтæ дзуапп нæ дæттынц техникон домæнтæн, бирæтæм машинæты нæй ГЛОНАССы системæ, уæдæ маршрутон такситы шофыртæ куыд æмбæлы, афтæ нæ цæуынц медицинон цæстдард дæр. Ацы домæнтæ кæй не ххæст кæнынц, уый арæх расайы фыдбылызтæм. Тæссаг уавæрты бахауынц бæлццæттæ дæр.

Арæх маршруттæм рацæуынц, чи нал кусы, ахæм куыстуæтты минæвæрттæ. Фарон конкурсмæ гæсгæ 13-æм маршрутыл кусыны бар радтой æнææххæстбарджын æхсæнад «Иртранс»-æн. Фæлæ куыд рабæрæг, афтæмæй ныр дæр ма 13-æм маршрутмæ рацæуынц раздæр дзы цы куыстуат «Барс»-ы куыста, уый уæнгтæ. Суанг ма сæм фæндаггон гæххæттытæ дæр вæййынц. Хъалонтæ кæй бафыстой, ахæм гæххæттытæ дæр сæм ис. Уый та уымæн, æмæ раздæры куыстуатимæ бадзырд у апрелмæ.

Фæлæ транспорты министрады æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы специалисттæ зæгъынц, – уый раст нæу. Ныртæккæ маршрутыл кусыны бар ис æрмæстдæр æнææххæстбарджын æхсæнад «Иртранс»-æн. Иннæтæ иууылдæр нымад цæудзысты закъонхалджытыл.

Рейд цæудзæн 3 къуырийы. Йæ хатдзæгтæм гæсгæ скæндзысты анализ. Фæткхалджытæ та баййафдзысты æфхæрд.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania