19 августа 2014, 17:22
Миграцион службæйы минæвæрттæ цæхæрадæтты æмбалад «Ирыстон»-ы сбæрæг кодтой æнæзакъон цæрæг мигранты
Æдасдзинады Федералон службæ æмæ Цæгат Ирыстоны Миграцион службæйы минæвæрттæ, цæхæрадæтты æмбалад «Ирыстон»-ы хæдзæрдтæй иуы сбæрæг кодтой æнæзакъон цæрæг мигранты.
Æдасдзинады Федералон службæ æмæ Цæгат Ирыстоны Миграцион службæйы минæвæрттæ, цæхæрадæтты æмбалад «Ирыстон»-ы хæдзæрдтæй иуы сбæрæг кодтой æнæзакъон цæрæг мигранты.
Баурæдтой дзы Въетнаймаг 20 адæймаджы. Куы сæ бафарстой, уæд басастысты Уæрæсейы 2 азæй фылдæр кæй цæрынц, ууыл. Куыстой Мæскуы æмæ Мæскуыйы областы хи арæзтадон куыстуæтты. 2012-æм азы та ссыдысты Цæгат Ирыстонмæ хуыздæр куыстагур. Цардысты, санитарон æмæ зынгсирвæзты ныхмæ домæнтæн дзуапп чи нæ дæтты, ахæм хæдзары. Афтæмæй дзы хъомыл кодтой æнахъом сывæллæтты дæр. Ныртæккæ куыст цæуы мигрантты нæмттæ сбæрæг кæныныл, ивар сын 5 мин сомы бафидын кæнын æмæ сæ бæстæйæ арвитыныл. Закъонхæлд кæй аххосæй æрцыд, уый та дзуапп ратдзæн административон æгъдауæй.
темæмæ гæсгæ