Стыр æргом аздæхтой паддзахадон программæтæм, инвестицион проекттæм
Уæрæсейы экономикон рæзты министры фыццаг хæдивæг Михаил Бабич æмæ Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав видеоконференцийы фæрцы æрныхас кодтой нæ республикæйы социалон-экономикон рæзты сæйрагдæр фарстатыл. Стыр æргом аздæхтой паддзахадон программæтæм, инвестицион проекттæм æмæ алы сезонты кусæг хæххон-рекреацион курорт «Мамысон»-ы фидæнмæ.
Хицæн ныхас цыд Беслæны рæзтыл 2025-æм азмæ. Беслæны рæзт у сæйрагдæр стратегион фарстатæй иу, загъта Битарты Вячеслав. Уымæй дарддæр ныртæккæ Цæгат Ирыстоны æххæст кæнынц 9 проекты. Æмтгæй райсгæйæ, инвестициты бæрц у 3 миллиард сомы. Федералон центр æмæ нæ республикæйы разамынд стыр æргом здахынц «Мамысон»-ы проектмæ. Республикæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй ахсджиаг у фидæны курорты инженерон инфраструктурæйыл бакусын. Ис бæлвырд инвестортæ, æмæ цæттæ сты фысымуæттæ æмæ æндæр объектты арæзтад райдайынмæ.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, ивгъуыд азы сентябры «Мамысон»-ы территорийы арæзт æрцыд экономикон зонæ. Уагæвæрд бафыста уæды Хицауады Сæрдар Дмитрий Медведев. Проектон-сметон документацимæ гæсгæ ацы аз фыццаг къæпхæны нысан кæнынц къахдзоныгътыл бырæн хæххон трассæтæ саразын. Æдæппæтæй та куыстытæ цæудзысты 4 къæпхæнæй.