филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:15 воскресенье, 01 февраля 2026
28 ноября 2023, 12:20
Михаил Шаталов æмæ Милдзыхты Вячеслав бабæрæг кодтой Гугкайы-фырты уынджы бирæфатерон хæдзæрттæй иу

Цæрджытимæ иумæ сбæрæг кодтой Джеоргуыбайы бæрæгбон

Дзæуджыхъæуы Æхсæнадон советы сæрдар Михаил Шаталов æмæ горæты администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав бабæрæг кодтой Гугкайы-фырты уынджы бирæфатерон хæдзæрттæй иу. Цæрджытимæ иумæ сбæрæг кодтой Джеоргуыбайы бæрæгбон. Скуывдтой, цæмæй бæстæ сабыр уа. Адæмимæ аныхас кодтой, сбæлвырд кодтой цавæр фарстатæ сæ тыхсын кæнынц, байхъуыстой фæсивæды курдиæттæм дæр. Милдзыхты Вячеслав куыд загъта, уымæ гæсгæ хъæуы æмархайд кæнын, æмæ афтæмæй лыг кæнын цы фарстатæ сæвзæры, уыдон. Ахæм фембæлд фыццаг хатт арæзт æрцыд, фæлæ горæты разамынды минæвæртты ныхæстæм гæсгæ, суыдзысты традицион.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania