филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:37 воскресенье, 19 мая 2024
27 апреля 2022, 09:57
Михаил Шаталовы разамындæй арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы  Æхсæнадон Советы æмбырд

Æрдзырдтой пъанмæ гæсгæ куыстыты цыдыл

Михаил Шаталовы разамындæй арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы  Æхсæнадон Советы æмбырд. Æрдзырдтой пъанмæ гæсгæ куыстыты цыдыл. Федтой парктæ æмæ скверты уавæр. Куыд æфснæйд цæуынц, дзæгъæл куыйтæ дзы ис, æви нæй, уый. Ныхас ма цыд цæхæрадæтты æмбалæдтæй бырæттæ ласыны хъуыддагыл, уыимæ сывæллæтты хъазæн фæзтæ æмæ спортивон дзæбæхгæнæн фæзты уавæрыл.  Конфесситы æмæ нациты хсæн хъæрмуд ахастдзинæдтæ фидар кæнын къамисы сæргълæууæджы хæдивæг  Роберт Цинделиани советы уæнгты æркастмæ бахаста цалдæр фарстайы. Сæ иу уырнæг адæмы курдиат сæххæст кæнын æмæ сын радтын  Сыгъдæг Нинæйы аргъуан, цæст æрдарын  пенсиисджытæн коммуналон фиддонтæ субсидийы хуызы раст здахынмæ,  стæй ма бацалцæг кæнын дыууæ уынджы. Габойты Людмилæ та Советмæ бахаста, Аланийыл саргъуыды 1100 азы бонмæ Дзæуджыхъæуы музейы алфамбылай бацалцæг кæныны фарста.  Æппæт фарстамæ дæр байхъуыстой Советы уæнгтæ. Дарддæр сыл бакусыны хæс сæвæрдтой Дзæуджыхъæуы администрацийы бæрнон кусджытыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania