филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:57 среда, 17 декабря 2025
05 марта 2018, 13:30
Михайловскæйы æмдзæрæны агъуыстытæ адæм тавынц, кæмæн йæ бон куыд у афтæмæй

Ам нæй æрдзон газ, электрон пецтæй та иуæй зынаргъ у, иннæмæй æдзух нæ вæййы.

Цардæн тæссаг уавæрты. Михайловскæйы æмдзæрæны агъуыстытæ адæм тавынц, кæмæн йæ бон куыд у афтæмæй. Ам нæй æрдзон газ, электрон пецтæй та иуæй зынаргъ у, иннæмæй æдзух нæ вæййы. Уымæн адæм пайда кæнынц баллонты ласгæ газæй, æвæрынц сæ сæ агъуыстыты, уый та цардæн у тæссаг. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады æмбарын кæнынц, уый у закъонхæлд. Уæдæ куыд ис уавæрæй рацæуæн, ацы фарстайæн дзуапп агуырдта не сфæлдыстадон къорд дæр. Хъайтыхъты Фатимæ радзурдзæн бæлвырддæр.
Æндæр гæнæн нæй, æвæццæгæн, хъæуы æлхæнын элекртон пецтæ. Æмдзæрæны ис æртын фатеры. Æрдзон газæй дзы бирæтæ нæ пайда кæнынц. Фæлæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ куыд зæгъынц, уымæ гæсгæ иу газы баллон дæр куы уа фатеры, уæд уый у тæссаг æнæхъæн хæдзарæн дæр. Специалисттæ дзæгъæлы не рбацыдысты. Фатертæй иуы хæринаг кæнынц, ахæм баллонæй пайда кæнгæйæ. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалистты уайдзæфы фæстæ цæрджытæ радтой ныхас, æнæмæнгæй кæй сраст кæндзысты сæ уавæр.
Айсдзысты баллонтæ. Фæлæ нæй бæлвырд зæгъæн, æмæ та сæ ногæй адæм чысыл рæстæджы фæстæ нæ райдайдзысты пайда кæнын. Цæмæй сæ царды уавæртæ фенцондæр кæной, уымæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы æрмдзæрæнмæ нæй æрдзон газ æрбауадзæн, уымæн æмæ дзы фадат нæ амоны. Æмæ адæмæн уый у стыр бæллæх. Цалдæр хатты хъаст кодтой цæрджытæ алы бæрнон куыстуæттæм, фæлæ сын баххуыс кæнын сæ бон никæмæн у. Афтæмæй Михайловскæйы æмдзæрæн у иунæг хæдзар, æрдзон газ кæм нæй, ахæм. Æмæ цалынмæ хæдзары æнæнхъæлæджы æвирхъау хабар не рцыд, уæдмæ исты æрхъуыды кæнын хъæуы. Ацы фарстайыл архайынц æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ дæр.
Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады специалисттæ зæгъынц, республикæйы хи æмæ бирæфатерон хæдзæртты газы аххосæй срæмыгъдтæ кæй фæкъаддæр сты. Фæлæ уæддæр уавæр бынтон хорз нæу. Кæй зæгъын æй хъæуы, февралы райдиан иу бинонтæ бавзæрстой фыдæбæттæ, сæ хæдзар кæй басыгъдис срæмыгъды аххосæй, уый тыххæй.
Хъайтыхъты Фатимæ
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania