Ног дондзæуæн расайдта ног зындзинæдтæ. Дыууæ мæймæ Михайловскæйы 3 километры дæргъæн баивтой доны хæтæлтæ. Уымæн æмæ зæронд дондзæуæн нал куыста. Æмæ бынæттон цæрджытæ бирæ рæстæг цух æййæфтой нуазыны донæй.
Михайловскæйы Розæ Люксембургы уынджы ног дондзæуæн хæтæл куы сарæзтой, уæд йæ цæрджытæм фæзынд ног лыггæнинаг фарста. Саматы Светланæ куыд зæгъы, афтæмæй хæтæлтæ куы сæвæрдтой, уæдæй нырмæ рацыд 3 мæйы, фæлæ уынджы фæндаг нæма сраст кодтой.
Куыстытæ кæнынц «Коммун-ресурс»-ы кусджытæ. Куыд сбæрæг, афтæмæй ахæм уавæр сæвзæрд, цæрджытæй бирæтæ сæ хæдзæрдтæм дон кæй нæ бауагътой, уый аххосæй.
Кочиты Мирам, Куыстуат «Коммун-ресурс»-ы горæтгæрон районы хайады разамонæг: «Кæддæр дзы 3 мин адæймаджы цард æмæ рауагътой сæхицæн иу лыстæг хæтæл абон та дзы цæры 13 мины æмæ уытæппæт хæтæлтæ нал фаг кæнынц æмæ сæ хуыздæртыл ивæм. Ис хъаст гæнджытæ. Кæйдæр афтæ фæнды æмæ йын йæ цуры асфальт дæр куы сæвæриккам, фæлæ уый нæ къухы не фты. Кæм дæр хæтæлтæ стонæм, кæм дæр нæ цыдæр бахъыгдары. Зæронд хæтæлтæ кæуылты цæуынц уый нæ зонæм æмæ уымæн бирæ рæстæг бахъæуы».
Цæрджыты аххосаг ма у, сæ хæстæ 22 милуан сомы кæй сты, уый. Хицæн адæм донæн нæ фидынц цалдæр азы дæргъы. Фæлæ уæддæр сæ цурты æвæрд цæуынц ног доны хæтæлтæ. 2 мæймæ ам сæвæрдтой 3 километры. Фæстаг хатт ивд цыдысты 50 азы размæ.
Цæллагты Ритæ, Михайловскæйы цæрæг: «Дон нæм никуы уыд. Ай размæ кодтон мидæмæ нæ доны хицауы æмæ мын нæ бакуымдта. Мах дæлдæр цæрæм æмæ нæм гыццыл дон фæцæуы. Арахъхъ куыд цæуы афтæ. Цæй доны кой кæныс?»
Иу лыггæнинаг фарста ма – æнæрухс уынгтæ, зæгъы Михайловскæйы цæрæг Цæллагты Ритæ.
Цæллагты Ритæ, Михайловскæйы цæрæг: «Рæухс нæм нæй. Изæры куы рацæуай, уæд дæ исчи куы амара, уæд æй зонгæ дæр нæ бакæндзынæ. Ахæм талынг нæм вæйы. Дæ сывæллоны нæ рарвитдзынæ, дæхæдæнг нæ рацæудзынæ. Фæндæгтæ ам цас цæрын уый йас æ зам фæндаг никуы федтон. Ныр скъахтой, фæлæ уый размæ дæр афтæ уыд».
Разамонæджы бынаты Киситы Андрей кусы 5 мæйы. Йæхæдæг у ацы хъæуыккаг æмæ йын хорз зонгæ сты лыггæнинаг фарстатæ æмæ зæрдæ æвæры, тагъд рæстæджы уынгты рухс нывыл кæй уыдзæн, уымæй. Ныронг уал аивтой Карл Либкнекхты уынджы цырæгътæ. Уымæй уæлдай афсальтæй бамбæрстой цалдæр уынджы, стæй хъæуæн скодтой ног генералон пълан. Æппæт уыцы куыстытæ цæрджыты уадзынц ныфс.
Моргуаты Ладæ




