филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:06 воскресенье, 25 мая 2025
28 сентября 2023, 11:20
Михайловскæйы æмæ Заводскойы цæрджытæн транспорты хъуыддаг у бирæ азты риссаг фарста

Райсомæй æмæ изæрæй линийыл нæ фаг кæны маршруткæтæ

Райсомæй куыстмæ зындзинæдтыл сæмбæлгæйæ бахæццæ уæвын, уымæй зындæрæй та изæры хæдзармæ æрбацæуын. Михайловскæйы æмæ Заводскойы цæрджытæн транспорты хъуыддаг у бирæ азты риссаг фарста. Райсомæй æмæ изæрæй линийыл нæ фаг кæны маршруткæтæ. Бирæтæ спайда кæнынц таксийы лæггæдтæй, фæлæ уыцы хæрдзтæм дæр се ппæт цæттæ не сты. Адæмы бахъæуы исты амæлттæй транспорт ссарын, уыцы рæстæг та сын байрæджы вæййы кæмæн куыстмæ, кæмæн та ахуырмæ. Не сфæлдыстадон къорд бацархайдта уавæр равзарыныл.

Райсомæй маршруткæйыл сбадын Михайловскæйы цæрджытæн у æцæг фæлварæн. Куыстмæ афоныл бахауын у, æнæсæххæстгæнæн хъуыддаг. Машинæтæ цæуынц иу иннæйы фæдыл. Фæлæ дзы хъæуы цæрджытæн бынат нæй.

Транспорт ис, фæлæ уæддæр адæмы хъæуы фистæгæй цæуын. Æмæ иу æмæ 2 æрлæууæны нæ. Фæлæ сыхаг поселок Заводскойы онг. 160-æм маршруты кæройнаг æрлæууæн уым ис. Æрмæст афтæмæй ис бынат æрцахсын.

Ахæм уавæры адæм цы кæной, уый нæ зонынц. Иутæ сразы сты. Раздæр сыстынц, æмæ ацæуынц даргъ фæндагыл. Уый куы нæ баххуыс кæна, уæд та маршруткæйы цæуынц лæугæйæ. Архайынц, алы фæзилæныл дæр ма ахауын. Æхсæнадон транспортæй спайда кæнын кæмæн нæ бантысы, уыдон фæагурынц фарста æндæрхуызы алыг кæныны гæнæнтæ. Зæгъæм, баххуырсын такси. Фæлæ уый дæр афтæ æнцон нæу. Фæхъæуы дзæвгар банхъæлмæ кæсын. Сæйрагдæр къуылымпыдзинад та сты – æргътæ. Горæты центрмæ бахæццæ уæвынæн хъæуы æппынкъаддæр 400 сомы бафидын. Æхсæнадон транспорты куыст нывыл кæй нæу, уый бæрæг у. Маршруты шофыртæ куыд зæгъынц, афтæмæй уавæрæн ис бæлвырд аххосаг.

Бонмæ фæндагмæ рацæуы 10 транспортон иуæджы бæрц. Æдæппæтæй та маршрутыл сты 15. Æмæ сæ ныр алкæцыдæр лæггад кæндзæн адæмæн.

Æмæ кæд 160-æм маршруты бæлццæттæн сæ бон куыстмæ ацæуын нæу, уæд 13-æмыуæттæн та куыстæй хæдзармæ æрыздæхын. Бынæттæ нал вæййы кæройнаг æрлæууæны дæр. Китайаг фæзмæ бацæугæйæ, маршруткæйы къах кæм æрæвæрай, уый дæр нал вæййы. Ацы фарста алыг кæныныл дæр куыст цæуы.

Ацы риссаг фарста рагон у. Цалынмæ горæты администрацийы агурынц æнæзæрдæхудт ласæджы, уæдмæ уал бæлццæтты хъæуы æрмæст æнхъæлмæ кæсын, æмæ зæрдæ дарын, тагъд рæстæджы уавæр кæй аивдзæн, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania