филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:20 суббота, 21 сентября 2024
18 сентября 2014, 17:22
Миланы райдыдта культурон форум «Уæрæсе-Итали»-йы

Уæрæсейы культурæйы министрад дзы цы равдыст байгом кæндзæн, уым уыдзысты куыстуат «Изольдæ»-йы ирон национ къабатæ, Джиоты Вадимы хъæдын хъазæнтæ æмæ фирмæ «Асик»-ы куклатæ, стæй æрмдæсныты куыстытæ. Се ппæт дæр форум аразджытæй райстой сæрмагонд хуынды гæххæттытæ.

74347

Цæгатирыстойнаг делегацийы сæргълæууæг, культурæйы министры хæдивæг Атайты Мæдинæ куыд зæгъы, афтæмæй ахæм егъау форумы архайын стыр кад у.
Республикæйы æрмдæснытæ ныридæгæн сæ курдиатимæ базонгæ кодтой Флоренцийы, Венецийы æмæ Италийы иннæ регионты цæрджыты. Æмæ алкæддæр экспозицитæм уыд стыр цымыдисдзинад.
Уыимæ ахæм форумты архайд фадат дæтты фæлтæрдзинад фыфæлдæр кæнынæн.
Паддзахадон ансамбль «Алан»-имæ та дзы бафысдзысты Италийы гастрольтæ раттыны тыххæй бадзырд.
Культурон форум уыдзæн дыууæ боны. Уый баст у, ацы аз Уæрæсейы культурæйы аз кæй у, уыимæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania