филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:01 суббота, 18 мая 2024
21 марта 2024, 11:24
Министр Таматы Майрæн фембæлд журналисттимæ

Дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн радзырдта паддзахадон программæты тыххæй дæр

Дондзæуæн системæты рацарæзт, бирæфатерон хæдзæртты лифты кусæнгæрзты уавæр, адæмы кæлæддзаг цæрæнуæттæй ногтæм раивыны программæ. Ацы æмæ æндæр фарстатыл бæстон æрдзырдта цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн журналисттимæ фембæлды. Дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн радзырдта паддзахадон программæты тыххæй дæр. Уæлдай æргом аздæхта, цæрджытæн æнцонвадат уавæртæ чи араздзæн, ахæм проекттæм. 2023-æм азы Цæгат Ирыстоны 19 хъæуы æмæ горæты баивтой дондзæуæн хæтæлты 400 километры. Рацарæзты куыстытæ ацыдысты Змейкæйы станицæйы, Хуымæллæджы, Сунжæйы, Бæтæхъойы хъæуы æмæ Кæрдзыны. Ацы аз егъау куыстытæ цæудзысты дарддæр. Æппæты сæйрагдæр объект – Дигора. Зæронд дондзæуæн системæ йæ хæстæ куыд æмбæлы, афтæ нал æххæст кæны. Ног дондзæуæн системæ нысан кæнынц ацы азы кæронмæ скæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania