Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Милдзыхты Вячеслав
Митæфснайæн техникæ у æмбæлгæ уагыл, зæгъæн ис, æмæ Дзæуджыхъæу зымæгмæ у цæттæ. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Милдзыхты Вячеслав. Уæлæмхасæн ма балхæдтой ноджыдæр техникæйы 5 иуæджы, змис æмæ цæх та дзы ис æнæхъæн зымæджы фаг. Сергей Меняйло се ппæт дзуаппдæттæг организацитæн дæр бабар кодта, зымæгон сезонмæ цæттæгæнæн мадзæлттæм бæрнон цæст æрдарын. Æрæджы горæт цы ног 20 трамвайы балхæдта, уыдонæн сæ бон линимæ рацæуын нæу, уымæн æмæ дæлстанцæ æххæст тыхтæй нæ кусы. «Аланияэнергосеть»-ы минæвæрттæ зæрдæ бавæрдтой, кусæн æрмæг ног къуыри кæй скусдзæн, уымæй. Сергей Меняйло æмбырды архайджытæн бацамыдта, æнæниздзинадхъахъхъæнынады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Митциты Астаны. Радта йын фыццаг хæслæвæрдтæ – се ппæт дзæбæхгæнæндæттыл дæр æрзилын, сæ риссаг фарстатæ сын базонын, фылдæр æргом та пульмонологон центрмæ æрдарын.




