филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:23 пятница, 19 апреля 2024
29 сентября 2022, 10:52
Мобилизацийы чи бахауд, нæ республикæйы уыцы цæрджыты фыццаг къорд араст ис сæрмагонд операци кæм цæуы, уырдæм

Сæдæ æхсай адæймаджы сæмбæлдысты бынатыл

Мобилизацийы чи бахауд, нæ республикæйы уыцы цæрджыты фыццаг къорд араст ис сæрмагонд операци кæм цæуы, уырдæм. Сæдæ æхсай адæймаджы сæмбæлдысты бынатыл. Хæстонтæн фæндаджы размæ йæ ныстуан загъта Сергей Меняйло. Республикæйы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй сæ размæ лæууынц ахсджиаг хæстон нысантæ, кæцытæ сæ хъæуы раст сæххæст кæнын. Уымæй уæлдай зæрдæ бавæрдта, цæст кæй дардзæнис, цы бынатмæ сæ арвыстой, уымæ. «Сымах стут уæ фыдæлты аккаг кæстæртæ. Нæ фембæлд нырма разæй ис, хæстæгдæр рæстæг мæхæдæг дæр уым уыдзынæн. Уæхи хъахъхъæнут æмæ уæлахизимæ æрыздæхут» — загъта Сергей Меняйло.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania