Цымыдисаг семинарты æмæ дæсныйадæвдисæг ахуырты лæппутæ æмæ чызджытæ зæрдиагæй бацархайдтой
Виртуалон дунемæ абалц кæнын æмæ, нырыккон кусæнгæрзтæ куыд арæзт цæуынц, уый базоныны фадат фæзынд Лескены скъолайы ахуырдзаутæн. Уазæгуаты сæм æрбацыд мобилон кванториум. Цымыдисаг семинарты æмæ дæсныйадæвдисæг ахуырты лæппутæ æмæ чызджытæ зæрдиагæй бацархайдтой. Арæзт æрцыдысты скъолайы сæрдыгон лагеры. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Сосранты Жаннæ.
Лескены скъолайы ахуырдзаутæ ахæм хъуыддæгтæ сæ «Точка Роста»-йы кæд ныхæстæй зыдтой, стæй сæ æцæгдзинадæй фендзысты сæ цæстытæй, ууыл та хъуыды дæр нæ кодтой. Ныр та ма сын, республикон кванториумы мобилон лабораторийы специалисттæ, радзырдтой семæ куыд ис æдасдæрæй куысæн, уый тыххæй.
Цард куыд амоны, афтæмæй æнæ практикон æгъдауæй бацархайгæйæ, æнæмæнг, нæй æххæстæй хъуыддаг базонын. Уый æмбаргæйæ мобилон кванториумы кусджытæ сывæллæттæн лæвæрдтой хæслæвæрд – цавæрдæр хъайтар сныв кæнын.
Ацы куыст бакæнын фыццаджыдæр бафæндыд Асеты Дианæйы. Куыд зæгъы, афтæмæй хæдзары дæр æм ис ахæм гæнæн, фæлæ дзы ам бацархайын уыд цымыдисагдæр.
Ахæм дæсныйадæвдисæг ахуыртæ арæзт цæуынц «Точка Роста»-йы фæзты скъолаты сæрдыгон лагерьты. Ахæм ахуырты рæстæг сывæллæттæ æрмæст хъазгæ нæ кæнынц, фæлæ базонынц исты ногдзинæдтæ. Ам сын радзырдтой «игровой движок» кæй хонынц,стæй æппæт мультипликацион кинонывты хъайтартæ дæр 3D-моделированийы фæрцы арæзт кæй цæуынц, уыдоны, стæй ма бирæ цымыдисаг хъуыддæгты тыххæй. Кванториумы специалистты нæхæстæм гæсгæ, ацы дæсныйадæвдисæг ахуыртæ сты зонгæ кæныны тыххæй. Цæмæй сывæллæттæ уыной цавæр мадзæлттæ ма ис уый. Чи зоны æмæ дзы искæйы бафæнда арфдæр ацы темæимæ базонгæ уæвын.
Уымæй уæлдай та ма, мобилон кванториум семæ æрбаластой сæрмагонд мадзал видео исæн тæхæн аппараттыл архауыныл ахуыр кæнынæн, стæй сæрмагонд æмбырдгод LEGO-йæ модельтæ аразынæн. Уыимæ хуымæтæг нæ, фæлæ робототехниконтæ. Механизм æрæмбырд кæнгæйæ йæ дзы ис архайæн. Йæ хæйтты хуылфы æвæрд ис сæрмагонд чиптæ, кæцыты фæрцы пульттæй семæ ис кусæн.
Фарæстæймаг къласы ахуырдзау Саукуыйты Хетæджы зæрдæмæ робототехникæ тынг цæуы. Æмæ кæд йæ фидæны дæсныйад уыимæ нæ бæтты, уæддæр æй æмбары ахæм механизмтæй архайын куы зона, уæд ын уый æвзæрдзинад не рхæссæн.
Мобилон лаборатори, скъоладзауты улæфæн рæстæг зилдзысты районты скъолатыл. Æмæ куыд горæты, афтæ хъæуты скъолаты ахуырдзаутæн дæр уыдзæн фадат нырыккон технологиты диссаджы дунеимæ хæстæгдæр базонгæ уæвынæн.




