20 марта 2018, 15:20
Модæйы фæдыл чи цæуы, уыцы æвзонг сывæллæттæ Дзæуджыхъæуы байгом кодтой уалдзыгон сезон
Сывæллæтты сфæлдыстадон Галуаны сценæйы уыд уæлæдарæсы дизайнерты æмæ модельерты фестиваль.
Модæйы фæдыл чи цæуы, уыцы æвзонг сывæллæттæ Дзæуджыхъæуы байгом кодтой уалдзыгон сезон.
Сывæллæтты сфæлдыстадон Галуаны сценæйы уыд уæлæдарæсы дизайнерты æмæ модельерты фестиваль. Архайдтой дзы модæйы 9 театры: Æрæфы, Дыгуры, Горæтгæрон, Рахизфарсы районтæй æмæ Дзæуджыхъæуæй. Ацы фестивалы фæрцы раргом вæййынц, фидæны аив уæлæдарæс чи хуыйдзæн, уыдон. Сывæллæтты сфæлдыстадон Галуаны модæйы театры рауагъдонтæй бирæтæ кусынц Мæскуы æмæ Санкт-Петербурджы уæлæдарæсы дизайны центрты.

темæмæ гæсгæ