филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:12 воскресенье, 02 июня 2024
12 июля 2023, 11:54
Московскийы уынджы 39-æм хæдзары уæллаг уæладзгуыты цæрджытæ тыхсынц бæстыхайы сæры уавæрæй

Цалдæр мæйы размæ царæй дон хъарын райдыдта

Московскийы уынджы 39-æм хæдзары уæллаг уæладзгуыты цæрджытæ тыхсынц бæстыхайы сæры уавæрæй. Цалдæр мæйы размæ царæй дон хъарын райдыдта. Хæдзарæн разамынд цы компани дæтты, уырдæм бирæ хæттыты хъаст кодтой, фæлæ уавæр нæ ивы. Архайдтой фарста сæхи тыхтæй дæр алыг кæныныл. Уый дæр сæ къухы нæ бафтыд. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Хъулаты Раисæ цæры Дзæуджыхъæуы Московскийы уынджы, 39-æм хæдзары. Цалдæр азы размæ бирæфатерон хæдзары сæр баивтой æмæ уæллаг уæладзгуыты цæрджытæ сулæфыдысты – царæй дон нал хъардта. Фæлæ майы уавæр аивта.

Бережныхты бинонтæ ам æрæджы æрцардысты  – фатер куы æлхæдтой, уæд æнхъæл уыдысты хæдзары ног сæримæ къуылымпыдзинæдтæ кæй нæ уыдзæн, уый. Фæлæ къæвдаты рæстæг найæн уаты царæй дон тæдзын райдыдта. Ныр сæ бахъуыд сæ цæрæнуат цалцæг кæныны фарста афæстæдæр кæнын. Æнхъæлмæ кæсынц, хæдзары сæрмæ куы базилой, уымæ.

Раисæ æмæ Наталья куыд зæгъынц, афтæмæй хæдзарæн разамынддæттæг компанимæ сæ хъаст бирæ хæттыты бахастой. Зæрдæ сын бавæрдтой, фарста кæй алыг кæндзысты, уымæй. Фæлæ 3-аг мæй уавæр нæ ивы. Сылгоймæгтæ ма бахастой фæндон, цæмæй цалцæгæн æрмæджытæ сæхæдæг балхæной. Компанийы директор Золойты Валерий фидарæй загъта, фарстайы тыххæй зоны, æмæ хорз боныхъæд куы уа, уæд уавæр сраст кæндзысты.

Ныр цæрджытæ сæ зæрдæ дарынц хорз боныхъæдыл æмæ разамынддæттæг компанийы йæ ныхас кæй сæхæхст кæндзæн, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania