филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:53 воскресенье, 01 февраля 2026
15 августа 2024, 11:22
Мультсериал «Шушумагия»-йы хъайтартæ сдзырдтой ирон æвзагыл. Телеканал «Осетия-Ирыстон»-ы эфиры рацыд анимацион сериал, мадæлон æвзагмæ тæлмацгондæй

Йæ презентаци та уыд Евгений Вахтанговы хæдзар-музейы арт-кафейы. Æдæппæтæй уыдзæн 26 серийы. Радзурдзысты 5 чызджы цымыдисаг цауты тыххæй. Æнæнхъæлæджы бахаудысты æлæмæттаг хъæдмæ æмæ зонгæ кæнынц йæ диссаджы цæрджытимæ. Алы сери дæр у 6 минуты. Сывæллæтты ахуыр кæнынц кæрæдзиимæ зæрдæхæларæй цæрыныл, хæстæджытыл аудыныл æмæ æрдз хъахъхъæныныл.

Ирон æвзагыл хъайтарты сдзурын кодтой Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры актертæ. Сæ хъæлæстæ сын радтой телеуынынады кусджытæ дæр. Фæнд ма кæнынц ирон æвзагыл мультфильм бацæттæ кæнын лæппутæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania