филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:26 суббота, 31 января 2026
03 марта 2023, 11:51
Муниципалон æмæ муниципалитетты хсæн маршруттæ зæрдæмæдзæугæдæр суыдзысты

Æмбæлгæ закъоны проектыл æрныхас кодтой Хицауады æмбырды

Муниципалон æмæ муниципалитетты хсæн маршруттæ зæрдæмæдзæугæдæр суыдзысты. Æмбæлгæ закъоны проектыл æрныхас кодтой Хицауады æмбырды. Премьер Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй транспортон лæггæдтæ æххæст кæныны фарстамæ абон стыр æргом здæхт цæуы. Районты хсæн æмæ муниципалон маршруттыл адæмы ласынæн эксплуатацимæ радтой 50 автобусы. Æмбырды ма дзырдтой зынгсирвæзтытæй тæссаг сезоны райдайæны тыххæй. Нысангонд æрцыд, тæссаг кæмæн у, уыцы хъæуты, сывæллæтты фæлладуадзæн территориты, стæй цæхæрадæтты æмбаладты номхыгъд. Æрныхас ма кодтой, республикæйы сфæлдыстадон индустрийæты райрæзты концепцийыл дæр. Культурæйы министр Галазты Эдуард куыд загъта, афтæмæй уыдон сты экономикæйы æмæ социалон къабазы рæзты ахсджиаг фæрæзтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania