филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:16 суббота, 28 сентября 2024
11 ноября 2021, 12:56
Муниципалон кусджыты мызд баззайдзæн раздæры æмвæзадыл

60% йæ сисыны тыххæй фарстайыл æрныхас кодтой Дзæуджыхъæуы думæйы сессийы æмбырды

Муниципалон кусджыты мызд баззайдзæн раздæры æмвæзадыл. 60% йæ сисыны тыххæй фарстайыл æрныхас кодтой Дзæуджыхъæуы думæйы сессийы æмбырды. Фæлæ йæ боны фæткæй систой. Йæ аххосаг – горæты бюджеты уыйбæрц фæрæзтæ кæй нæй, уый. Стæй ма ацы статьяйы хæрдзтæ дæр хыгъды не сты. Депутат Дыдарты Сослан куыд загъта, афтæмæй муниципалон кусджыты мызды æппынкъаддæры бæрц у 12 мин сомы. Йæ рæстæмбис нымæц та 18 мины. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, дызæрдыггаг у бæрнон кусджыты мызд фæфылдæр кæныны фарста. Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй куысты мызд индексацигонд нæ цыди 10 азы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania