филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:38 воскресенье, 01 февраля 2026
18 января 2022, 12:15
Муниципалон куыстуат «Владгортранс» ивгъуыд азы кæрон сног кодта скъолаты автобусты парк

9 автобусы балхæдтой федералон фæрæзтæй

Ног азмæ – ног транспортимæ. Муниципалон куыстуат «Владгортранс» ивгъуыд азы кæрон сног кодта скъолаты автобусты парк. 9 автобусы балхæдтой федералон фæрæзтæй. Ныр горæтмæ хæстæг хъæутæй ахуырдзауты сæрмагонд транспорт ласы Дзæуджыхъæуы скъолатæм. Ног автобустæн аргъ скодта не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæстондæр хабæрттæ радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Цæмæй дæ балц дæ зæрдйы фæндиаг æдас рауайа, уый тыххæй хъуамæ шофыр уа æнæниз. Уыцы домæн уæлдай ахсджиаг у скъолайы автобусы шофырæн. Дохтыр ын бары йæ тæвд, фæрсы йæ, йæхи куыд æнкъары, уымæй. Афтæ лæмбынæг цæст дарынц транспортон фæрæзы уавæрмæ дæр. Автобус хъуамæ уа сыгъдæг, аив, æппæт ифтонгарз дæр хъуамæ куса куыд æмбæлы, афтæ.

Кæд фау ницæмæ æрхæссæн ис, уæд балцæг дæ къухтæм райстай æмæ фæцæуыс. Æрæджы кæнæн нæй. Фыццаг бæлццæттæ Попов Хуторы æрлæууæн бынаты сбадынц аст сахаты æмæ дæс минутыл.

Горæтгæрон поселоктæй Дзæуджыхъæумæ Владгортранс сывæллæтты ласы дæс азы дæргъы. Автобустæ базæронд сты æмæ сæ хъуыдис баивын. Ныртæккæ ныййарджытæ разы сты, сæ сывæллæтты сын æдасдзинады домæнтæ æххæстгæнгæйæ кæй ласынц, уымæй.

Ныййарджытæ разы сты, транспорт сæрмагондæй сывæллæтты удæнцойæн арæзт кæй у, уымæй дæр. Автобусы ис æппæт авналæнтæ, цæмæй сывæллон скъоламæ æдыхст æмæ æдасæй фæхæццæ уа, уый тыххæй. Сæрмагонд фæрæз машинæйæн анкъуысыны бар нæ ратдзæн, цалынмæ дуæрттæ æхгæд æрцæуой, уæдмæ. Автобустæ нырма фарон балхæдтой. Бадæн бынæтты ис æдасдзинады ронтæ, стæй сæрмагонд тæрхæджытæ сывæллæтты пъартфелтæн.

Автобус 21 скъоламæ цас æввахсдæр кæны, уыйбæрц фылдæр кæны сывæллæтты нымæц дæр. Скъоладзаутæ бафиппайдтой — скъоламæ фæндаг зынгæ фенцондæр.

Кæд боныхъæд сæ хуыздæртæй нæу, уæддæр аст сахаты æмæ æртын минутыл автобус нысан бынатыл сæмбæлд. Урочыты фæстæ шофыр скъоладзауты аласдзæн сæ хæдзæрттæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania