филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:24 воскресенье, 01 февраля 2026
23 декабря 2022, 11:07
Мыдадзын цырагъ фыдбылызмæ рацæйсайдта Мæздæджы Комсомольскийы уынджы фатертæй иуы

Арт кæм апарахат, уыцы фатеры адæм кæй ис, уый базыдта патрулон службæйы хицæн батальоны кусæг, пъæлицæйы хистæр сержант Саид Мустапаев

Мыдадзын цырагъ фыдбылызмæ рацæйсайдта Мæздæджы Комсомольскийы уынджы фатертæй иуы. Арт кæм апарахат, уыцы фатеры адæм кæй ис, уый базыдта патрулон службæйы хицæн батальоны кусæг, пъæлицæйы хистæр сержант Саид Мустапаев. Йæ къордимæ æвæстиатæй ацыд бынатмæ. Фатерæй рахаста  69 аздзыд Алыксандры. Фæстæдæр зынгсирвæзты бынатмæ æрбацыдысты тагъд æххуысы машинæ, стæй  æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ирвæзынгæнджытæ. Ныртæккæ Мæздæджы районы мидхъуыддæгты хайады æмæ æнæнхъæлæджы уавæрты министрады ныхас цæуы Саид Мустапаевæн йæ хъæбатырдзинады тыххæй хæрзиуæг раттыныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania