филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:38 суббота, 13 декабря 2025
14 марта 2016, 18:03
Мыды куыстгæнæг Надежда Жукова ныр цалдæр азы тох кæны йæ бартыл

50 азмæ сæ бинонты мыды чыргъæдтæ цы фæзуатыл уыдысты, уыцы зæххы хай йын ныр кæнынц исгæ. 5 азы размæ сылгоймагæн нæ зæгъгæйæ, фæзуат радтой Дзæуджыхъæуы администрацийы бæрны, уыдон та йæ уæй акодтой. Надежда Жуковамæ зæххæн бартæ нæ уыди, фæлæ дзы пайда кодта хъæды хæдзарады сæрмагонд бардæдтæг гæххæтмæ гæсгæ.

79778
Мыды куыстгæнæг Надежда Жукова ныр цалдæр азы тох кæны йæ бартыл. 50 азмæ сæ бинонты мыды чыргъæдтæ цы фæзуатыл уыдысты, уыцы зæххы хай йын ныр кæнынц исгæ. 5 азы размæ сылгоймагæн нæ зæгъгæйæ, фæзуат радтой Дзæуджыхъæуы администрацийы бæрны, уыдон та йæ уæй акодтой. Надежда Жуковамæ зæххæн бартæ нæ уыди, фæлæ дзы пайда кодта хъæды хæдзарады сæрмагонд бардæдтæг гæххæтмæ гæсгæ. Ныр 3 сотыхы зæхх хъæуы мыды чыргъæдтæй суæгъд кæнын. Дзæуджыхъæуы администрацийы зæгъынц, ацы хъуыддаг конд уыди фæткмæ гæсгæ.
8 сотых зæххыл 50 мыды чыргъæды. Ацы мыддырæн бынатыл цæуы 40 азæй фылдæр. Надежда куыд зæгъы, афтæмæй сæ бинонтæ мыды кыст кæнынц фæлтæрæй фæлтæрмæ. Мыдыбындзытæ дардтой йæ ныййарджытæ дæр. Ныр та сылгоймагæн æххуыс кæны 6 аздзыд Варвара. Фæлæ бинонтæн сæ бирæ азты истори сæ бон дарддæр ахæццæ кæнын бауыдзæн, уый зын зæгъæн у. Мыды куыстгæнæг зæгъы, мыдыбындзытæ кæм дары, уыцы фæзуатæн йæ иу хай æнæ фæрсгæйæ уæйгонд кæй æрцыди, уый. Ныр хъуыддаг у дызæрдыггаг.
Зæххæй пайда кæныны бар Надеждæйæн лæвæрдтой хъæды хæдзарады комитеты. Радтой йын иу сæрмагонд бардæттæг гæххæт. Фæлæ уымæн йе мгъуыд фæци 2012-æм азы. Надеждæ сфæнд кодта документы æмгъуыд адарддæр кæнын, йæ курдиат бахаста экологийы министрадмæ. Уым ын загътой, зæххы хайæн ныр дзуапп дæтты горæты администраци. Куыд рабæрæг, афтæмæй зæххы хай радтой мэрийы бæрны, уыдон та йæ уæй акодтой. Суанг 2011-æм азы. Уæд ма бардæттæг гæххæтты æмгъуыд дæр нæ фæци. Надеждæмæ фæдзырдтой тæрхондонмæ, æмæ дзы бадомдтой, 3 сотыхы зæхх суæгъд кæнын.
Администрацийы зæгъынц, ацы фæзуæттæ сты, цæрæнбынæтты зæххытæ. Зæхх закъон куыд амоны, афтæ ауæй кодтой аукционы. Бынæттон хиуынаффæйады оргæнты куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй горæты хъæдтæм ацы зæххы хайæ ис 150 метры. Æмæ йæ бардæттæг гæххæт дæр закъонмæ гæсгæ нæу.
Надежда Жуковайæн бардæттæг гæххæттытæ куы лæвæрдтой, кæд æмæ дзы хъдæн йæ кой дæр нæй, уыцы фарста лæвæрд æрцыди хъæды хæдзарады Комитетмæ.
Хæдбар эксперт бахаста фæндон, зæхх иу ранæй иннæмæ кæй радтой, уыцы хъуыддагмæ закъонмæ гæсгæ æркæсын. Уымæн æмæ цæрæн хæдзар хъæды территорийыл аразæн нæй. Уый у ацы сестемæйы ныхмæ.
Юристтæ зæгъынц, мыды кыстгæнæгæн хъуамæ рагацау бамбарын кодтаиккой, зæххы хицау ныр æндæр ведомствæ кæй у, уый. Йæ бартæ бахъахъхъæнын Надеждæ фæнд кæны дарддæр тæрхондоны. Фыццаджыдæр уый тыххæй, æмæ хъыгдард æрмæст йæхи нæ, фæлæ æхсæнады бартæ кæй цæуынц, уый тыххæй.
Наира Касаева
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania