филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:47 среда, 17 декабря 2025
12 апреля 2018, 12:50
Мызуйраг 75 аздзыд нæлгоймаджы аирвæзын кодтой Æрыдоны цæугæдонæй

Ацæргæ нæлгоймаг донмæ бацыд, æфсæйнæгтæ æмбырд кæнгæйæ. Уыцы рæстæг гидроэлектростанцæ пъланмæ гæсгæ кодта донæппарæнтæ, æмæ уый расайдта, цæугæдоны æмвæзад зынгæ кæй фæфылдæр, уымæ.

Мызуйраг 75 аздзыд нæлгоймаджы аирвæзын кодтой Æрыдоны цæугæдонæй

Мызуйраг 75 аздзыд нæлгоймаджы аирвæзын
кодтой Æрыдоны цæугæдонæй. Цæгат Ирыстоны æнæнхъæлæджы уавæрты министрады
пресс-службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ацæргæ нæлгоймаг донмæ бацыд,
æфсæйнæгтæ æмбырд кæнгæйæ. Уыцы рæстæг гидроэлектростанцæ пъланмæ гæсгæ кодта
донæппарæнтæ, æмæ уый расайдта, цæугæдоны æмвæзад зынгæ кæй фæфылдæр, уымæ.
Хъыгдардбаййафæгæн йæхи бон рацæуын нал баци, æмæ баззад цæугæдоны астæу.
Нæлгоймаджы ауыдтой бынæттон цæрджытæ, æмæ æвæстиатæй æххуысмæ бадзырдтой
зынгхуыссынгæнæн хайадмæ. Ирвæзынгæнджытæ куы рбахæццæ сты, уæд нæлгоймаг
доныбылæй уыд 5 метры дæрддзæф ран. Баппæрстой йæм сæрмагонд бæндæн æмæ асин.
Ирвæзынгæнæн операци цыди 20 минуты бæрц.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania