филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:34 пятница, 17 мая 2024
16 апреля 2013, 11:14
Мызуры 11 бинонтæн зынгсирвæзты фæстæ кæнынц æххуыс

Мæй размæ Мызуры æрцыдис зынгсирвæзт. Æнæ цæрæнбынæттæй баззадысты 11 бинонтæ. Адæм цардысты сæ хæстæджытæм æмæ сыхæгтæм.

Мызуры 11 бинонтæн зынгсирвæзты фæстæ кæнынц æххуыс
Мæй размæ Мызуры æрцыдис зынгсирвæзт. Æнæ цæрæнбынæттæй баззадысты 11 бинонтæ. Адæм цардысты сæ хæстæджытæм æмæ сыхæгтæм.

Хъæрджынты Руслан сыгъдæг кæны йæ кæрт. Йæ исбонæй ницыуал баззад. Йæ фыды хæдзар иууылдæр басыгъд. Ныр мæйы бæрц бинонтæ цæрынц алы рæтты.

Хъæрджынты Руслан, Мызуры цæрæг: «Газы баллон срæмыгъта. Нæ фæллой афтæ ныссау, æмæ сæ ныр æфснайæм. Мад горæты ис, рынчындоны, чызг – университеты æмдзæрæны вæййы. Æз та мæнæ ме мбалмæ цæрын».

8 фатеры, 3 хæдзары æмæ æндæр хæдзарадон арæзтæдтæ. Зынгсирвæзты аххосæй 11 бинонтæ баззадысты æнæ цæрæнбынæттæй. Фыццаг рæстæг уал адæм цæрынц сæ хæстæджытæм æмæ сыхæгтæм.

Се ‘ппæт бинонтæ дæр райсдзысты сертификаттæ цæрæнуæттæ балхæнынæн. Ныртæккæ республикæйы Хицауады цæттæ кæнынц æмбæлгæ гæххæттытæ. Уый фæстæ æрвыст æрцæудзысты федералон структурæтæм. Уыцы процедурæйыл ацæудзæн иу 6 мæйы бæрц. Ныр та уал хъыгдард чи баййæфта, уыдонæн радтой фатертæ рæстæгмæ цæрынæн.

Зыратæн дæр зингсирвæзты басыгъд се 3-агъуыстон фатер. Ацы бонты раивдзысты, рæстæгмæ сын цы фатер радтой, уырдæм. Ныридæгæн æй сцалцæг кодтой. Хъæуы ма бафснайын æмæ хъæугæ дзауматæ æрбаласын.

Зыраты Иринæ, Мызуры цæрæг: «Сæвæрын ма дзы хъæуы сынтæджытæ, стъол, æндæр дзы алцыдæр ис». Ницæмæй тыхсæм. Фæкастысты нæм. 10-гай минтæ нын радтой, стæй 25 мины. Æмæ уал уыдонæй цардыстæм».

Хъотайты бинонтæ кусджыты æххуысмæ не ‘нхъæлмæ кæсынц. Районы администрацийæ арæзтадон æрмæджытæ куы радих кодтой, уæд фатер цалцæг кæнын радыдтой сæхæдæг. Ныридæгæн базылдысты 2 уатмæ. Надеждæ æвзæр фынау æрхъуыды кæны, фыдбылыз куы æрцыд, уыцы бон.

Хъотайты Надеждæ, Мызуры цæрæг: «Арт ссыгъдис кладовкæты, фатермæ бахæццæ. Фæздæг кодта. Нæ бон ницы уыдис. 4 машинæйы йæ хуыссын кодтой. 3 боны йæ сæ бон аххуысын кæнын нæ уыд».

3 бинонты рæстæгмæ фатерты цæрын нæ бафæндыд. Иннæ астæн архайынц рæстæгмæ цæрæнбынæтты зæрдæмæдзæугæ фадæттæ саразыныл.

Гæлæуты Таймураз, Мызуры администрацийы сæргълæууæг: «Ныртæккæ цалцæг кæнæм, бæрæгбæттæм сæ фæуыдзыстæм. алкæмæндæр бынат скæндзыстæм, цæмæй сæм дон дæр уа. Цыбыр ныхасæй, ууыл архайæм».

Хъыгдард чи баййæфта, уыцы адæмæн баххуыс кæнынмæ се ‘ргом раздæхтой паддзахадон структурæтæ, æхсæнадон организацитæ, хицæн адæймæгтæ. Алагиры районы администрацийы куыд зæгъъынц, афтæмæй алы бинонтæн дæр, цал адæймаджы дзы ис, уымæ гæсгæ ныры онг радих кодтой 55-æй -100 мин сомы онг.

Хæдарцаты Руслан, Алагиры районы администрацийы сæргълæууæг: «Бирæ адæм базмæлдысты. Фæндыдис сæ адæммæ фæкæсын. Хицауад дæр архайынц. махæн дæр нæ бон цы у, уый сын æххуыс кæнæм».

Мæйы фæстæ Мызуры цæрджытæ ахуыр кæнынц ногæй цæрыныл, æнхъæлмæ кæсынц, сæхи цæрæнбынæттæ балхæнын сæ бон кæд бауыдзæн, уымæ. Сертификатты бæрц бæрæг кæндзысты, бинонты цал адæймаджы ис, уымæ гæсгæ. Кæд дзы иу адæймаг ис, уæд ын æмбæлы 33 квадратон метры, дыууæйæн – 42. Бинонты 2 адæймагæй фылдæр куы уа, уæд алкæмæндæр дихгонд цæудзæн 18 квадратон метры.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania