филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:32 суббота, 11 мая 2024
19 января 2023, 12:04
Мызуры амбулаторийы байгом афтек

Ассортимент парахат у: рыст чи исы, ахæм хуымæтæг хостæй витаминты комплексты онг

Рыст чи исы, ахæм хуымæтæг хостæ балхæнынмæ дæр дæрддзæф хъæуты цæрджыты раздæр хъуыдис районы центрмæ цæуын. Хъæуты афтектæ нæ уыд. Фæлæ уавæр ивы. Афтектæ фылдæр кæнынц. Иу ахæм пункт ацы бонты байгом Мызуры амбулаторийы. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Афтек куыддæр байгом кодтой, афтæ уайтагъд фæзындысты фыццаг æлхæнджытæ. Фæстаг 3 азы Хуыбежты Амыраны хостæм цæуын хъуыд Алагирмæ. Ныр уыцы фарста лыггонд æрцыд. Афтек ис йæ хæдзары раз.

Хуыбежты Амыран – Мызуры цæрæг: «Махæн тынг æхсызгон уыд ацы афтечы байгом. Мах ацæргæ адæм стæм, æмæ нæ хостæ æдзух фæхъæуынц. Ацы хъуыддаг кæй сæхæхст кодтой, уый нын тынг æхсызгон у. Бузныг се ппæтæн дæр, ацы хъуыддаг кæй руаджы бантын саразын».

Афтек æрбынат кодта хъæуы амбулаторийы. Ацы хъуыддаг Мызуры алы цæрæгæн дæр æцæг бæрæгбонау у. Æнæ хи афтекæй зын уыд.

Гæлæуты Таймураз– Мызуры цæрæг: «Тынг нæ хъæуы, цæмæй ам дзæбæх афтек уа. Уый тыххæй Мызурмæ æрцæудзысты алы хъæутæй дæр. Махмæ хъæутæ бирæ ис хохы».

Афтекты ассортимент парахат у: рыст чи исы, ахæм хуымæтæг хостæй витаминты комплексты онг. Дарддæр ма, адæм цы агурой, уымæ гæсгæ хъæугæ препараттæ æлхæд цæудзысты.

Дæрддзæф хъæутæм хæрзхъæд хостæ хæццæ кæныны хъуыддаг фæхуыздæр кæнын у республикæйы сæргълæууæджы хæслæвæрд. Æмæ ацы фарста ахадгæйæ æххæстгонд цæуы. Афтектæ хъæуты фылдæр кæнынц. Къуырийы кæронмæ та ма Горæтгæрон районы байгом кæндзысты 3 пункты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania