филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:49 четверг, 02 мая 2024
13 апреля 2021, 13:05
Мызуры байгом ног хуыйæн фабрикæ

Сифтонг æй кодтой нырыккон кусæнгæрзтæй, æмæ дзы уадздзысты æрвылбоны хъæугæ дзаумæттæ

Мызуры æрцыд, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, ахæм цау. Байгом дзы ног хуыйæн фабрикæ. Сифтонг æй кодтой нырыккон кусæнгæрзтæй, æмæ дзы уадздзысты æрвылбоны хъæугæ дзаумæттæ. Бынæттон цæрджытæн фабрикæйы фæрцы фæзындзæн ног 50 куысты бынаты. Алагиры районæй бæлвырддæр Гуытъиаты Алинæ.

Фæндзай ног хуыйæн машинкæйы, хъуымацы æмæ æндæхты егъау тыхтæттæ. Мызуры хуыйæн фабричы багоммæ ма баззад къуыри. Ныртæккæ цæуынц фæстаг цæттæгæнæн мадзæлттæ. Станоктыл ахуыр кæнынц фидæны кусджытæ. Уыдонимæ Уыртаты Сæрмæт. Лæппуйыл 17 азы йеддæмæ нæма цæуы. Фабричы куыст ын дæтты фадат йæ бинонтæн баххуыс кæнынæн.

Сæрмæты ныхæстæм гæсгæ, цехы ис æппæт уавæртæ, цæмæй куыст куыд æмбæлы, афтæ цæуа. Хъарм агъуыст, нырыккон хуыйæн машинкæтæ æмæ фæлтæрдджын æмкусджытæ нымайы сæ куыстуаты фидар цæджындзтыл. Хуыйæджы куысты цæйбæрц мидис ис, уый Роксанæ фыццаг бонтæй фæстæмæ банкъардта. Зæрдиагæй йæ бафæндыд не сфæлдыстадон къордимæ йæ дæсныдзинады сусæгдзинæдтæй фæхай кæнын. Фабрик саразын чи зоны æмæ афтæ зын нæ уыд. Фæлæ куыстуат дæсны специалисттæй баххæст кæнын се нцонтæй нæ разынд. Мызур хъæздыг хъæуыл нымад нæу. Ис дзы бирæ æгуыст адæм, фæлæ цæмæй фабрикмæ кусджытæ ссарой, уый тыххæй бынæттон администраци æмæ куыстдæттыны комитет тынг бацархайдтой.

Фабрикæ байгом кæныны кадджын мадзалы архайдта Хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Йæ ныхæстæм гæсгæ, куыстуат Мызурæн баххуыс кæндзæн мæгуырдзинадимæ тохы, стæй ратдзæнис ног комулæфт хъæуы райрæзтæн æмæ хорзырдæм фæзындзæн экономикæйыл.

Хицауад дарддæр дæр цæст дардзæн хуыйæн фабричы архайдмæ. Æххуыс кæндзæнис, цæмæй куыстуат цыбыр рæстæгмæ рацæуа уæлдæр æмвæзадмæ, фæфидардæр кæна йæ материалон-техникон бындур. Уый фæрцы фæзындзæнис фылдæр куысты бынæттæ Алагиры хæххон хъæуты цæрджытæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania