Нæй сæм тæвд дон, стæй бæрæг нæу, хъарм сæм кæд ратдзысты, уый дæр.
Мызуйрæгтæ коммуналон лæггæдтæн дарынц 20 милуан сомæй фылдæр. Æмæ сæ фидынмæ дæр нæ хъавынц, цалынмæ сæ хæдзæрдтæм хъарм лæвæрд æрцæуа, уæдмæ.
Мызуйрæгтæ коммуналон лæггæдтæн дарынц 20 милуан сомæй фылдæр. Æмæ сæ фидынмæ дæр нæ хъавынц, цалынмæ сæ хæдзæрдтæм хъарм лæвæрд æрцæуа, уæдмæ. Æнæ æхцайæ та уавæр сраст кæнын зын у, кæд æмæ бынæттон администраци архайы, уæддæр. Поселочы ис стыр хъармгæнæн, фæлæ дзы пайда нæй, хуыссыд сты газ æмæ электрон тых. 3 пецæй иу у саст æмæ йæ сцалцæгæн хъæуы бирæ æхца. Ардыгæй хъарм лæвæрд цæуы 9-уæладзыгон 8 хæдзармæ.
Ныр хæдзæрдтæн разамынддæттæг компани æххуыс агуры Алагиры районы администрацийæ æмæ уыдон зæрдæ бавæрдтой, хъармгæнæн рæстæгмæ фарста лыггонд кæй æрцæудзæн, уымæй.




