филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:25 среда, 08 мая 2024
15 апреля 2014, 11:18
Мызуры цæрджытæ разы не сты медицинон тагъдæххуысы бригады куыстæй

Уæвгæ йæ тагъдæххуыс схонæн дæр нæй. Медицинон лæггæдты хæрзхъæддзинадмæ фау нæ хæссынц. Хъаст кæнынц изæрæй райсоммæ цалдæр хæххон хъæуæн æрмæст иу тагъдæххуысы

Мызуры цæрджытæ разы не сты медицинон тагъдæххуысы бригады куыстæй
Уæвгæ йæ тагъдæххуыс схонæн дæр нæй. Медицинон лæггæдты хæрзхъæддзинадмæ фау нæ хæссынц. Хъаст кæнынц изæрæй райсоммæ цалдæр хæххон хъæуæн æрмæст иу тагъдæххуысы бригад кæй вæййы, уымæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, се `ппæтыл нæ феххæсы. Цалынмæ машинæ Нузалы рынчынмæ фæтагъд кæны, уæдмæ Мызуры цæрджытæ та сæ рынчыны дохтыртæм бахæццæ кæныны тыххæй машинæтæ фæндагыл фæуромынц. Æнæниздзинадхъахъхъæныны министрад сын зæрдæ бавæрдта, ацы фарста кæй алыг кæндзæн, уымæй.

Кæд раздæр Мызурæн æмæ йæм хæстæгдæр хæххон 15 хъæуæн суткæйы дæргъы тагъдæххуысы дыууæ бригады лæггад кодтой, уæд æрæджыйæ фæстæмæ ам уыцы хъуыддаг сæ хæрзтæй нæу. Изæры 5 сахæты фæстæ дзы дохтыр зын ссарæн вæййы. Рад дзы фæхæссы æрмæстдæр иу тагъдæххуысы машинæ, медицинон кусджытæй та дзы вæййы æрмæст фельдшер.

Моурауты Ауызби, Мызуры цæрæг: «Æз æй не мбарын, ныр дзы иу машинæ айстой, æмæ уæд адæм дæр фæкъаддæр кæндзысты? Æндæр дзы гæнæн нæй».

Дзахоты Розæ Мызуры цæры 15 азы. Æрæджы йæ бинойнаг фæци уæззау цæф. Нæлгоймаджы аласта тагъдæххуысы машинæ. Цалынмæ йæ Æрыдоны рынчындонмæ ластой, уæдмæ сæм æрбадзырдтой, дохтырты æххуыс ма кæй хъуыди, ахæм адæм. Уымæн æмæ Мызуры дохтыртæ лæггад кæнынц æрмæст поселокæн нæ, фæлæ сæ алыварс хъæуты 4 мины æмæ 500 адæймагæй фылдæрæн.

Дзахоты Розæ, Мызуры цæрæг: «Махæн иу бон афтæ уыди, æмæ мæ бинойнаг асинæй рахауди. Асин та сылгоймаджы бахъыгдардта. Сылгоймагæн йæ туг фæкалди, мах та Æрыдонмæ аластой. Æмæ нæ цалынмæ ластой, уæдм тагъдæххуысы бригадмæ æрбадзырдтой 5 хатты».

Мызуры ис 15 фондзуæладзыгоны æмæ 8 фарастуæладзыгон хæдзары. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй арæх сæ рынчынты дохтыртæм сæхæдæг аласынц таксийæ. Дыууæ къуырийы размæ Мызуры цæрæг сывæллоны буар тынг басыгъд. Уыцы рæстæг тагъдæххуысы бригад уыди æндæр ран. Сывæллоны ныййарджытæн гæнæн нал уыди, æмæ фæндагмæ рацыдысты. Баурæдтой машинæ æмæ сæ уый рынчындонмæ фæхæццæ кодта. Тагъдæххуысы бригадтæ фæкъаддæр кæныны фарстайыл ныхас цыди бынæттон æмвæзадыл. Уымæн æмæ Нузалы рынчындон æнæниздзинадхъахъхъæныны министрады бæрны нæма ис. «Дыууæ бригады дарын нæ бон нæу, уымæн æмæ нæм фæрæзтæ нæй»,- зæгъы Нузалы рынчындоны сæйраг дохтыр. Мызуры поликлиникæ хауы уыдонмæ. Куысты мызд фидыны ног системæ æвзæрырдæм фæзынди ацы хъуыддагыл.

Æмбалты Анатолий, Нузалы рынчындоны сæйраг дохтыр: «Ныртæккæ нæм кусы дыууæ бригады. Иу бонæй, иннæ та суткæгай».
 
Æнæниздзинадхъахъхъæныны министрады куыд зæгъынц, афтæмæй 10 мин адæймагæн æмбæлы иу тагъдæххуысы бригад. Фæлæ хæххон уавæрты цæргæйæ афтæ нæ уайы. Уымæ гæсгæ, медицинон куыстуат министрады бæрны куы суа, уæд дзы кусдзысты раздæрау дыууæ бригады.

Ахæм лыггæнинаг фарста ма ис Æрæфы районы дæр. Иу ныхасæй, бæрнон ведомствæйæн куыст бирæ. Æххæстæй чи нæ кусы, ахæм медицинон куыстуæтты архайд бауромдзысты, хардзгонд сыл цы фæрæзтæ цæуы, уыдон та ратдзысты фыццаг медицинон æххуыс бакæныны æмæ поликлиникæты дзæбæх кæныны куыст фæхуыздæр кæнынæн.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania