Бирæуæладзыгон хæдзæртты пъадвалтæ рæстæгæй-рæстæгмæ байдзаг вæййынц донæй
Тыхджын уарынты фæстæ цæугæдæтты æмвæзад кæй фæуæлдæр, уый та се ппæты зæрдыл æрлæууын кодта æркæсинаг фарста. Мызуры цæрджытæ бирæ рæстæг æнхъæлмæ кæсынц, ног цæрæнуæттæ сын кæд ратдзысты, уымæ. Бирæуæладзыгон хæдзæртты пъадвалтæ рæстæгæй-рæстæгмæ байдзаг вæййынц донæй. Донивылдтыты фарста алыг кæнынæй зæрдæ æвæрдтой 2002-æм азы. Фæлæ къухы нæма бафтыд. Цы у йæ аххосаг, æмæ ма йын цас бахъæудзæн рæстæг, уый базоныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд, æмæ бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Тъехты Элинæ.
Аварион хæдзæртты тæссаг цард. Мызуры цæрджытæ хъаст кæнынц, цæугæдоны æмвæзад кæй фæфылдæр, ууыл. Хъайтыхъты Зентæ ам цæры 1985 азæй фæстæмæ. Йæ гараж амад у былгæрон. Цæмæй йын йæ фæллой дон ма аласа, уый тыххæй сæ бафснæйдта йæ фатеры, фæлæ уым дæр бирæ бынат нæй.
Хъайтыхты Зентæ: «Нæ хæдзæрттæ нæ бæззынц, нæ гаражтæ та нын дон аласта. Цы фæуæм æмæ кæдæм ацæуæм? Мæ бон горæты хæдзар балхæнын нæу. Нæ пенсийы муртæй цыдæртæ фæкодтой æмæ нын сæ дон аласта.»
Ацы бонты дон аласта адæмы гаражтæ. 29-æм æмæ 30-æм корпусты дуæрттæ кæсынц цæугæдоны рдæм. Цæмæй æрдзон фыдбылызты рæстæг адæмæн сæ бон фатертæй рацæуын уа, уый тыххæй рудзгуыты цур сæвæрдтой асинтæ.
Хъайтыхъты Зентæ: «Доны был 100 метры йедтæмæ нæ хъæуы ныффидар кæнын. Мæн ног хæдзар дæр афтæ тынг нæ хъæуы. Цалынмæ уыдон цæттæ кæнынц, уæдмæ дзы цардæн тæссаг хъуамæ ма уа. Пенси мæнæн зианты фаг йедтæмæ нæ кæны, куыстмæ та мæ никуыдæм уал исынц. Зæронд дæн.»
Ацы ран Хъайтыхъты Зентæйæн уыд йæ цæхæрадон æмæ йæ кæркдон. Кæрчыты афойнадыл аирвæзын кодта, фæлæ цытæ ныссагъта, уыдон дон аласта.
Хæдзæрттæ арæх кæй хуылыдз кæнынц, уый тыххæй сæ бындуры агуыридуртæ сабыргай кæлын райдыдтой, къултæ та аскъудтытæ сты. Адæмы ныккæндтæ донæй куы байдзаг сты, уæд сæ бахъуыд гаражтæ самайын. Фæлæ сты цæугæдонмæ тынг хæстæг, официалон хъуыддагæй та хъуамæ уой 20 метры дарддæр, æмæ уымæ гæсгæ сын гæххæттытæ нæй.
Хапсæты Мæдинæ: «Адæмы цæрын хъæуы, æмæ сæ мæгуыр муртæ бафснайынц гаражты æмæ къæбицты. Бирæ фæфыстам алы рæттæм, цæмæй нын доны былтæ ныффидар кæной. Гæнæн сын уыди, фæлæ нын ницы сарæзтой. Аварион корпусты 80 % пенсиисджытæ сты. Æмæ зæгъæн ис, нæ удты нæ къухты хæссæм. Тыхсæм, цы фæуыдзыстæм, ууыл.»
Цæмæй дон былгæронæн тынг знаггад ма рхæсса, уый тыххæй дзы ныппæрстой 5 тонны цы дуртæ ласынц, ахæмтæ. Фæлæ уыдоныл дæр доны уылæнтæ фæуæлахиз сты. Цæугæдоны æмвæзад куы фæуæлдæр вæййы, уæд канд адæмы хæдзæрттæ нæ бахъыгдары, фæлæ ма къæдзæхтæй дæр дуртæ ркалын кæны. Ацы бонты дæр къæдзæхæй гыццыл хай адих. Хорз æмæ сабыргай.
Хъайтмазты Аслан, Мызуры хъæуы хицау: «Хуыцаубоны тынг къæвдатæ фæуарыд æмæ нæ дон раивылдис. Бахордта цæхæрадæтæ æмæ гаражтæ. Бадзырдтам районы хицауадмæ, уыдон та æрдзон фæрæзты министрмæ. Уый нын тынг баххуыс кодта техникæйæ æмæ блоктæй. Бузныг сын зæгъæм, æнæхъæн бон немæ кæй фесты æмæ нæм кæй фæкастысты, уый тыххæй. Фарста цæмæй алыг кæнæм, уый тыххæй дарддæр фысдзыстæм. Самайын хъæуы къул, цæмæй æндæр хатт адæм ахæм зиантæ мауал баййафой.»
Ахæм фыдбылыз уыд 2002 азы дæр. Уæд корпусты цæрджытæ æрæмбырд кодтой хъæугæ гæххæттытæ, цæмæй сын æдас цæрæн бынæттæ радтой. Фæлæ хæдзæрттæ тæссаг кæй сты, уый снысан кодтой æрмæстдæр 2018 азы.
Бæтæгаты Зæринæ, Алагиры районы администрацийы арæзтады хайады сæргълæууæг: «Администрацийы кусы къамис. Ис дзы аст адæймаджы. Уыдысты Мызуры, Зджыды, Алагиры æмæ Рæмонæвæйы. Æркастысты хæдзæрттæм æмæ аварион уавæры кæцытæ сты, уыдон сбæрæг кодтой, цæмæй сæ дарддæр программæмæ бахæссой. Мызуры 29 æмæ 30 корпустæ сты аварион уавæры. Сæ гæххæттытæ конд сты, программæмæ дæр хаст æрцыдысты.»
Корпустæ зæронд æмæ аварион уавæры кæй сты – уый иу, фæлæ ма сæ дон кæй хъыгдары, уый та æндæр фарста.
Корпустæ программæмæ 2018 азы хаст кæй æрцыдысты, уымæ гæсгæ цæрджыты уавæр фæхуыздæр кæндзысты æрæмстдæр 2024 азы. Фæлæ районы администрацийы куыд зæгъынцц, афтæмæй уыцы хъуыддаг, гæнæн ис, æмæ раздæр дæр æрцæудзæн, кæй зæгъын æй хъæуы, кæд гæнæн уа, уæд. Уæдмæ та уал адæмы хъæуы банхъæлмæ кæсын.




