филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:27 суббота, 04 мая 2024
10 апреля 2013, 10:57
Нæ республикæйæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи архайдта, уыдоны номыл бирæ цыртдзæвæнтæ ис

Нæ республикæйæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи архайдта, уыдоны номыл бирæ цыртдзæвæнтæ ис. Сæ фæрцы фидæны фæлтæртæ зондзысты се мзæххон хъæбатырты, æнустæм хæсты быдыры чи баззад, уыдоны нæмттæ.

Нæ республикæйæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи архайдта, уыдоны номыл бирæ цыртдзæвæнтæ ис
Нæ республикæйæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи архайдта, уыдоны номыл бирæ цыртдзæвæнтæ ис. Сæ фæрцы фидæны фæлтæртæ зондзысты се мзæххон хъæбатырты, æнустæм хæсты быдыры чи баззад, уыдоны нæмттæ. Хъыгагæн, сæ фылдæрыл рæстæг йæ фæд ныууагъта. Цалцæггонд кæй никуы уыдысты, уымæ гæсгæ æвзæр уавæрмæ æрцыдысты.
 
Æрæфы районы Лескенæй тугуарæн хæстмæ ацыд 700 адæймагмæ ввахс. Сæ фылдæр фæстæмæ нал сыздæхт. Æрмæст Дзодзаты 6 хæдзарæй хæсты быдырмæ афæндараст 12 сахъгуырды, фæстæмæ та ма дзы сыздæхт 6. Лæппутæ уæды онг хæстон хъуыддæгтимæ никуы сæмбæлдысты, æнæбары систы хæстонтæ. Цард куыройы цалхау æрзылд, æмæ æппæт фæсивæд дæр сыстадысты фыдыбæстæйы сæрвæлтау хæцынмæ. Æнустæм чи баззад хæсты быдыры, æбæрæгæй чи фесæфт, уыдоны номхыгъды сты Дзодзаты Хъауырбеджы цыппар лæппуйы æмæ чындзы нæмттæ. Абон Дзодзаты æдзард æфсымæрты номыл Лескены ис уынг. Иу æмæ дыууæ хатты ауылты рацæугæйæ хъæуы хистæртæ сæ кæстæртæн нæ ракæнынц лæппуты хъæбатырдзинады кой.

Дзодзаты-Джираты Зоя: «Уыцы рæстæг зындзинæдтæ чи бавзæрста, уыдоны хсæн уыдысты мах бинонтæ дæр. Мæ фыд йæ æртæ æфсымæры æмæ мæ мад хæсты амæттаг баисты. Мачи уал бавзарад уыцы уæззау рæстæг «.

Лескены цæрджытæ фæлтæрæй-фæлтæрмæ хæссынц, уыцы азты, уыцы бонты хабæрттæ. Уырны сæ, абоны рæсугъд, сæрибар цардмæ фæндаг куыд зынтæй ссардтой Советон адæм, уый хъуамæ рох ма уа. Хъæуы скъола дæр хæссы, Фыдыбæстæйы хæсты йæхи хъæбатырæй чи равдыста, уыцы æмзæххон Хъараты Мæхæмæты ном. Уæдæ дзы цы æфсымæрон ингæн ис, уый фидæныл та уæлдай зæрдиагæй тыхсынц. Ныгæд дзы æрцыд 30 партизанæй фылдæр. Рæстæгмæ цыртдзæвæн заууатмæ æрцыди. Афæдзæй-афæдзмæ йæ хъæуы цæрджытæ, администраци сæхи хъарутæй цалцæг кодтой, фæлæ йæм бирæ рæстæг бындуронæй каст кæй не ‘рцыд, уый йыл фæбæрæг.

Хачырты Артур, Лескены бынæттон администрацийы сæрдар: «Специалисттæ æрхуыдтам, æркастысты æмæ сметæ скодтам. Дыууæ сæдæ мин сомы хъæуы цæмæй цыртдзæвæн бындуронæй сцалцæг кæнæм, уымæн. Фæнды мæ ракурын ацы фарстатыл чи кусы уыцы адæмæй, цæмæй нын баххуыс кæной. Абон куы нæ бакусам ацы хъуыддагыл, уæд æм фидæны фæлтæртæ цы цæстæй ракæсдзысты, уый дæр бæрæг нæу».

Лескены бынæттон администрацийы сæрдары ныхæстæм гæсгæ ингæны цурмæ искæй æрбахонынмæ *фсæрмы кæнынц. Æгæр уаззау уавæры ис. Фæнды йæ, цæмæй раздæрау, хæстонты хиуæттæ баззайой разыйæ, Лескены æфсымæрон ингæнмæ куыд зилынц, уымæй.

Сосранты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania