Уымæн æмæ сæ куыст ахсджиаг у хъæууон хæдзарады æмæ æндæр къабæзты.
Цæгат
Ирыстоны куыст дæттыны центры бæрæггæнæнтæм гæсгæ, ныртæккæ нæ республикæйы
фылдæр нæ фаг кæнынц инженертæ. Уымæн æмæ сæ куыст ахсджиаг у хъæууон хæдзарады
æмæ æндæр къабæзты. Сæ дæсны архайды фæрцы арæзт цæуынц æрвылбоны царды
хуымæтæг предметтæ, æмæ зын техникон
æрхъуыдыдзинæдтæ. Уæдæ фæсивæды хсæн та инженеры дæсныйад кадджын у, æви нæ,
уый базоныныл бацархайдта не сфæлдыстадон къорд. Бæлвырддæр радзурдзæн
Хъайтыхъты Фатимæ.
Сфæлдисæг
– афтæ тæлмац кæны фæсарæйнаг æвзагæй дзырд инженер. Чидæр уыцы дæсныйадыл
университеты сахуыр вæййы, чи та йын йæ сусæгдзинæдтæ йæхæдæг базоны. Зæгъæм,
Алексей Власенко. Кæд хæринаггæнæнгыл ахуыр кæны, уæддæр æм инженеры курдиат
дæр фæхæццæ. Йæхæдæг сарæзта, заводы кæмæй пайда кæндзысты, ахæм пец, æмæ йæ
арвыста æрыгон курдиæтты конкурс «Инженериада»-мæ. Проектмæ гæсгæ
Алексейы кусæнгарз уазал кæндзæн клинкер – цинк кæм цæуы, уыцы хæтæл.
Алексейы зондамонæг куыд
зæгъы, афтæмæй уыцы проекты руаджы заводы бон у фæстауæрц кæнын ссæдз милуан
сомæй фылдæр. Фæлæ уыцы хорз æрхъуыдыйыл нырма хъæуы бæстон бакусын.
Цæмæй цыфæнды куысты
бæрзæндтæм схизай, уый тыххæй хъæуы æдзухдæр теоретикон зонындзинæдтæ практикон
уагæй фидар кæнын – зæгъы завод «Радуга»-йы директор Тæуаситы
Эльбрус.
Республикæйы инженертæ
хъæуы. Адæмæн куыстдæттыны центр йæ цæст дары уыцы уавæрмæ. Ныртæккæ нæ
республикæйы ис æвддæс уæгъд куысты бынаты уыцы дæсныйадæй.
Йæ дæсныйад иттæг хорз чи
зоны, ахæм инженертæ республикæйы бирæ нæма ис. Уый тыххæй фылдæрæй фылдæр
кæнынц, инженерты квалификаци чи уæлдæр кæны, ахæм федералон программæтæ.
Æрыгон лæппу Алексей Власенко инженеры дæсныйадмæ кæй фемхиц, уый у хорз нысан.
Йæ куыст куыд зæрдиаг æмæ æнæзивæгæй кæны, уымæ кæсгæйæ ис ныфс, кæй æрцæудзæн
рæстæг, æмæ заводтæм фæсивæд цæуын тырндзæн, инженеры дæсныйад та, раздæрау,
кадджын æмæ хъæугæ кæй суыдзæн.




