филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:54 вторник, 16 декабря 2025
25 января 2013, 11:12
Нæ республикæйы голландиаг дидинджыты куыст кæнын æрæджы райдыдтой

Цæгат Ирыстоны фæзынд уардиты фабрикæ. Нæ республикæйы голландиаг дидинджыты куыст кæнын æрæджы райдыдтой. Уардитæ кæм зайынц, уыцы теплицæ бабæрæг кодта хицауады сæрдар Такъоты Сергей.

Цæгат Ирыстоны фæзынд уардиты фабрикæ. Нæ республикæйы голландиаг дидинджыты куыст кæнын æрæджы райдыдтой. Уардитæ кæм зайынц, уыцы теплицæ бабæрæг кодта хицауады сæрдар Такъоты Сергей. Куыд загъта, афтæмæй республикæйы разамынд цæттæ у амалхъом адæмæн алывæрсыг æххуыс кæнынмæ. Ахæм теплицæтæ уал аразын райдыдтой Цæгат Ирыстоны цалдæр районы.

Ирыстоны голландиаг уардитæн у фыццаг тыллæг. Алы дидинæгмæ дæр дзы кæсынц биноныгæй. Йæ хъæд цас даргъдæр уа, уыййас зайæгойы аргъ уыдзæн зынаргъдæр. Бекты Галинæ «дидинджыты уацары» бахауд 2 мæйы размæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ йæ куыст тынг разæнгард кæны. Ам уæвгæйæ, адæймагæн æдзухдæр вæййы хорз зæрдæйы ахаст.

Бекты Галинæ, æнæххæстбарджын æхсæнад     «Агросоюзстандарт»- ы кусæг: «Ацы алæмæты бынат фæзынд цалдæр мæйы размæ. Хъармгæнæны ис уардиты 12 хуызы. Цæмæй сæхи хорз æнкъарой, уый тыххæй сын Голландийæ ласынц алыхуызон хъацæнтæ».

Адæймаг дзы йæхи къухæй бирæ нæ архайы. Алцыдæр дзы у компьютеризацигонд. Нырыккон техникæйыл йæ бон кусын у иу операторæн.

Гаглойты Николай, æнæххæстбарджын æхсæнад     «Агросоюзстандарт»- ы генералон директор: «Дидинджыты плантаци бабæрæг кодта республикæйы хицауады сæрдар Такъоты Сергей. Уардитæ зайын кæныны бизнесы автор Туаты Георгий премьерæн радзырдта ацы хъуыды йæм куыд сæвзæрди, æмæ цæмæй райдыдта, уый. Ныртæккæ йæ бизнес у нывыл. Куыстуаты архайы 20 адæймаджы. Ирыстойнаг уардитæм ссæуынц суанг сыхаг регионтæй дæр. Продукцийы аргъ у асламдæр, йæ хæрзхъæддзинад та хуыздæр».

Кусæн æрмæг дæр сластой Голландийæ. Æмгуыстад кæнынц фæсарæйнаг специалисттимæ. Такъоты Сергей лæмбынæг æркаст куыстуаты архайдмæ æмæ дзы баззад разыйæ.

Хицауады сæрдар куыд загъта, афтæмæй республикæйы разамынд цæттæ у кусын чи уарзы, æмæ кæй фæнды, уыдонæн баххуыс кæнынмæ. Хъармгæнæнтæ ма ныртæккæ арæзт цæуынц республикæйы 3 районы. Сæ арæзтады сын пайда кæнынц Европæйаг технологитæй. Фæлæ уыдоны зайын кæндзысты халсарты культуртæ. Ацы куыстуаты та иу гектарыл ис 70 мин уардийы. Цæст сæм кæсынæй не фсæды. Фæлæ уый нырмæ у йæ райдиан. Сæ зæрдæ дарынц паддзахады æххуысыл. Уæд фæкъаддæр уыдзысты сæ хæрдзтæ, æмæ дидинджыты бизнес фæуæрæхдæр уыдзæн. Уыимæ та фылдæр уыдзысты йе фтиæгтæ дæр. Куыстуаты разамынды бæллиц у, цæмæй Ирыстон суа Голландиаг уардитæй Цæгат Кавказы чи ифтонг кæндзæн, ахæм æппæты стырдæр бынат.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania