09 апреля 2014, 11:17
Нæ республикæйы кадетты кълæсты æмæ æфсæддон-патриотон иугæндты æртыккаг æмбырд сарæзтой Мæздæджы районы хъæу Веселæйы
Йæ хæс у æфсадмæ сидыны агъоммæйы фæсивæды цæттæдзинад фæхъомысджындæр кæнын æмæ сын фыдыбæстæ бауарзын кæнын. Æмбырды архайджытæн сарæзтой спортивон ерыстæ,
Йæ хæс у æфсадмæ сидыны агъоммæйы фæсивæды цæттæдзинад фæхъомысджындæр кæнын æмæ сын фыдыбæстæ бауарзын кæнын. Æмбырды архайджытæн сарæзтой спортивон ерыстæ, Калашниковы автомат райхалыны æмæ йæ фæстæмæ æрæмбырд кæныны, стæй зарыны æмæ кадетты символикæ зоныны конкурстæ. Раныхас дзы кодта Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Петр Сильченко. Уымæй уæлдай ма скъоладзаутæ тымбыл стъолы уæлхъус æрдзырдтой, æфсады хъæбатырдзинад чи равдыста, уыдоны тыххæй. Бакастысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты салдæтты тыххæй цыбыр кинонывмæ.
темæмæ гæсгæ




