филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:00 понедельник, 15 декабря 2025
18 марта 2014, 17:02
Нæ республикæйы курдиатджын артист Къæбойты Николай ацы мæй бæрæг кæны йæ юбилей

Джаз музыкæ æгæрон уарзтæй чи уарзы æмæ йæ иннæты зæрдæтæм дæр рæсугъдæй чи хæссы, ахæм курдиатджын артист у Къæбойты Николай. Йæ ном айхъуыст канд Ирыстоныл нæ, фæлæ

Нæ республикæйы курдиатджын артист Къæбойты Николай ацы мæй бæрæг кæны йæ юбилей
Джаз музыкæ æгæрон уарзтæй чи уарзы æмæ йæ иннæты зæрдæтæм дæр рæсугъдæй чи хæссы, ахæм курдиатджын артист у Къæбойты Николай. Йæ ном айхъуыст канд Ирыстоныл нæ, фæлæ ма Уæрæсейыл æмæ дунейы бæстæтыл дæр. Ацы мæй маэстро бæрæг кæны йæ юбилей.

Суанты Кимы номыл эстрадон оркестры радон репетици. Музыканттæ сæ цæст дарынц дирижеры алы къухызмæлд дæр. Æмæ та азæлы музыкæ, джазы зæлтæ та райсынц цыдæр æнахуыр, зæрдæмæхъаргæ рæсугъддзинад. Ныр 21 азы оркестр циндзинад хæссы Ирыстоны аивадуарзджытæн. Оркестр канд джаз нæ цæгъды. Музыкантты репертуары ис бирæ адæмон мелодитæ.

Къæбойты Николай, Суанты Кимы номыл Паддзахадон национ эстрадон оркестры разамонæг, УФ-йы сгуыхт архайæг: «Мах æрмсæт джаз цы уарзы уыдонæн нæ кусæм. Фæлæ афæдз иу хатт нæхицæн дæр æмæ адæмæн дæр саразæм бæрæгбон. Схуыдтам йæ «Джаз года». Бахастой нæ «международная энциклопедия» кæй хонынц, уырдæм. Тынг æхсызгон мын у республикæйы нæм ахæм музыкæ уарзджытæ кæй ис, уый. Мæхи амондджын нымайын, кæддæр Кимимæ джазы традицитæ парахат кæныны кæй райдыдтам, уымæй. Джаз Ирыстоныл кæй айхъуыст».

Ацы мæй зындгонд музыкант æмæ дирижерыл сæххæст 60 азы. Йе сфæлдыстадон фæндаг дæр дæргъвæтин у. Уал азмæ йын чысыл нæ бантыст. Фæлæ ма йæ бакусинаг хъуыддæгтæ дæр гыццыл не сты. Куыд курдиатджын адæймаг, афтæ Николай йæ размæ æнцон фарстатæ никуы æвæры. Æдзухдæр кусы адæмæн циндзинад хæссыныл. Йæхæдæг æгæрон уарзт кæны джаз. Суанты Кимимæ се стырдæр бæллиц уыди республикæйы куыд уа эстрадон-джазы оркестр. 21 азы размæ сæ бæллиц сæххæст. Уæд Кимы 50 азы юбилейы уыд сæ фыццаг концерт.

Мысингтæ бирæ… Бакæсæн сæ ис Къæбойты Николайы юбилеймæ Хадыхъаты Фатимæ цы чиныг ныффыста»Дирижер, композитор, педагог», уым.

Къæбойты Николай, Суанты Кимы номыл Паддзахадон национ эстрадон оркестры разамонæг, УФ-йы сгуыхт архайæг: «Ахæм чиныг мыл фыст кæй æрцыд, уый мæхицæн кадыл нымайын. Цымыдисæй æй бакастæн. Автор ссардта бирæ æрмæджытæ, стыр куыст бакодта. Фембæлд бирæ адæмимæ. Раст зæгъгæйæ, æнæзонмæ мын не сты. Фæлæ сæ уæддæр алы хатт ногæй бакæсын – æхсызгон æмæ цымыдисаг вæййы».

Стыр артисты юбилей се ппæтæн дæр уыд æхсызгон бæрæгбон. Хиуæттæ, æмбæлттæ, æмкусджытæ, музыканттæ, сæйрагдæр та аивадуарзджытæ — алчидæр цин кодта маэстройы юбилейыл. Уæвгæ аивадуарзджытæн рауад дывæр бæрæгбон. Иуæй уарзон артисты гуырæн бон, иннæмæй та – рæсугъд музыкæйы изæр. Сценæйæ хъуыстысты куыд дунейы зындгонд композиторты уацмыстæ, афтæ Николай йæхæдæн кæй ныффыста, уыдон.

Махъоты Ацæмæз, УФ-йы сгуыхт архайæг, РЦИ-Аланийы композиторты цæдисы сæрдар: «Николайæн йæ бинонты рагæй зонын, йæ музыкæ та уæлдайдæр. Æппæты фыццаг ын йæ музыкалон уацмыс акодтон фæсарæнты. Æмæ йыл куыд сæмбæлдысты, уый дæр диссаг уыд. Се ппæты зæрдæмæ дæр цæуы. Иунæг адæймаг дæр нæ вæййы æмæ йæ чи нæ банкъара. Арæх иу нæ хæццæ дæр кодтой. Мæ бон зæгъын у – йемæ зонгæ кæй дæн, уымæй сæрæстыр дæн».

Стыр зæрдæйы хицау Къæбойты Николай йæ зонындзинæдтæ никуы бавгъау кодта кæстæртæн. Гергиты Валерийы номыл аивæдты лицейы студентты ныхæстæм гæсгæ дæсны педагогæй уæлдай ма сын у хорз æмбал дæр. Уæвгæ семæ ныхас дæр куыд кæстæртимæ, афтæ нæ кæны, фæлæ куыд æмкуджытимæ, афтæ. Уымæ гæсгæ юбилейы фæдыл зæрдиагæй хъуыстысты арфæтæ кæстæрты номæй.

Къæбойты Николайы ном хъуыстгонд у Уæрæсейы дæр, дунейы бирæ бæстæты дæр. Фæлæ стыр мастер йæ сæйрагдæр хæсыл нымайы кусын джазы райрæзтыл, парахат æй кæнын, бауарзын йæ кæнын адæмæн. Ирыстоны цæрджытæн джаз уарзон кæй сси, уый та у йе стырдæр хæрзиуæг.

Зыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania