филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:15 вторник, 16 декабря 2025
07 февраля 2013, 17:01
Нæ республикæйы Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ ивгъуыд суткæйы æрцыд æртæ фæндаггон фыдбылызы, фæмард дзы 3 адæймаджы

Дзæуджыхъæуы Ватутины уынджы «Жигули» скъуырдта Сунжæйаг 53 аздзыд сылгоймаджы. Фыдбылызы бахауæджы цæфтæй аластой рынчындонмæ.

Нæ республикæйы Мидхъуыддæгты министрады пресс-службæйы хъусынгæнинагмæ гæсгæ ивгъуыд суткæйы æрцыд æртæ фæндаггон фыдбылызы, фæмард дзы 3 адæймаджы, 2-йæ та цæфтæй бахаудтой рынчындонмæ. Дзæуджыхъæуы Ватутины уынджы «Жигули» скъуырдта Сунжæйаг 53 аздзыд сылгоймаджы. Фыдбылызы бахауæджы цæфтæй аластой рынчындонмæ. Къостайы проспекты та «Жигули» сцавта 40 аздзыд горæтаг сылгоймаджы. Уый йæ цæфтæй амард рынчындоны. Мидхъуыддæгты æфсæдты машинæ «Урал» скъуырдта «Жигули». Рог автомашинæйы чи бадт, уыдонæй фæмард дыууæ адæймаджы. Æртыккаг та уæззау цæфтæй бахаудта Мæздæджы рынчындонмæ. Æфсæддон службæгæнæджы æрцахстой.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania