20 апреля 2018, 12:43
Нæ республикæйы Сæргълæууæджы номæй «Ирыстоны намысы» майданæй схорзæхджын кодта Игумен Феофаны
Уый фæстæ та иумæ бабæрæг кодтой Беслæны теракты амæттæгты номыл парк Мурановойы.
Уæрæсейы Президенты цур æххæстбарджын минæвар Цæгат Ирыстонæй
Дзанайты Барис, нæ республикæйы Сæргълæууæджы номæй «Ирыстоны намысы»
майданæй схорзæхджын кодта Игумен Феофаны. Кадджын æмбырды ма архайдтой нæ
республикæйы æххæстбарджын минæварады æмæ ирон æхсæнады уæнгтæ, æмæ, Мæскуыйы
чи ахуыр кæны, уыцы цæгатирыстойнаг студенттæ. Уый фæстæ та иумæ бабæрæг кодтой
Беслæны теракты амæттæгты номыл парк Мурановойы. Сæвæрдтой дзы дидинджытæ æмæ
веноктæ. Минут æдзæмæй алæугæйæ, æрымысыдысты теракты 334 амæттаджы рухс
нæмттæ. Номарæн парк арæзт æрцыд 2005-æм азы, Игумен Феофаны хъæппæрисæй.
Беслæны фыдбылызы амæттæгты номыл ма арæзт æрцыд аргъуыд.
темæмæ гæсгæ




